Хъобаны хъӕуы чи схъомыл, уыдон абон дӕр ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, сӕ сабидуджы бӕгъӕввадӕй кӕм згъордтой, уыцы къуыбыртӕ. Дыргътæй сӕ къалиутӕ кӕмӕн састысты, уыцы хъӕддаг бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕ, дидинæгджын фӕзтӕ, цъиуты зард, цӕугӕдӕтты хӕл-хӕл!
Гъе ахӕм аргъӕутты бӕстӕйы райгуырд нӕ равдысты сӕйраг хъайтар дӕр — Томайты Кимайы фырт Цӕра.
Цӕрайӕн йӕ фыды фыд Уасил, зӕгъынц, ӕрлыгъди Рукъӕй Куырттаты коммӕ. Хистӕртӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй балхӕдтой хӕдзар, фӕлӕ уыцы хӕдзар ӕнамонд разынд. Фӕд-фӕдыл дзы амардысты Кимайӕн йӕ фыд, йӕ мад ӕмӕ йӕ хистӕр ӕфсымӕр. Сывӕллӕттӕ сидзӕрӕй баззадысты ӕмӕ сӕ радтой хицӕн приюттӕм.