Оперон аивад чи уарзы, уыдоны зæрдæтæ йæ ирд курдиатæй раджы балхæдта Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ, Хетæгкаты Къостайы премийы номыл лауреат, оперон аивады стъалы Цæллагты Эмилия.
Эмиляйы аив ахорæнтæй дзаг хъæлæс арæх фехъусæн уыдис радио æмæ телеуынынадæй. Уыцы уацмыстæй бирæтæ хаст æрцыдысты нæ национ сызгъæрин фондмæ. Цæй æмæ та уæ иу хатт йæ хъæлæсы уацары æфтауын. Уæ размæ уын хæссын уыцы зарджытæй иу.