preloader
сейчас в эфире
11:06
БРИФИНГ ГЛАВЫ РСО-АЛАНИЯ СЕРГЕЯ ИВАНОВИЧА МЕНЯЙЛО 12+
Смотрите Далее
12:00
ВОТ ТАКИЕ ПИРОГИ 12+
12:20
МУЗЫКÆ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:15
МЕДИКУМ 12+
13:50
ГОМ УРОК 12+
ТВ ПРОГРАММА
БРИФИНГ ГЛАВЫ РСО-АЛАНИЯ СЕРГЕЯ ИВАНОВИЧА МЕНЯЙЛО 12+
close

Цæгат Ирыстон йæхи куыд цæттæ кæны хъармгæнæн сезонмæ? Куыд ахады дæрддзæгмæ хуызы ахуырад скъоладзаутыл? Æхца чи фиды ахуырæн, уыдоныл та куыд сахадыдта пандемийæ?

Выпуск от: 08.10.2020

Уæдæ æрдз дæр йæ кæнон кæны, æмæ та нæм æрхæццæ кæнынц уазæлттæ. Уый тыххæй тагъд райдайдзæн хъармгæнæн сезон. Цæгат Ирыстон йæхи куыд цæттæ кæны хъармгæнæн сезонмæ, уый тыххæй мах аныхас кæндзыстæм нæ абоны уазджытимæ. А-изæр нæм æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты — коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Хадыхъаты Алан æмæ Алагиры районы администрацийы инженерон коммуникациты хайады хицауы хæдивæг Дудиаты Барис.

Азæй-азмæ нæ царды æрцæуынц цавæрдæр ивддзинæдтæ. Æмæ уый раст у. Уымæн æмæ уыцы ивддзинæдты фæрцы ивæм нæхæдæг дæр. Иуныхасæй, размæ цæуæм.

Ацы аз дæр нæ царды арф фæд ныууадздзæн. Бирæтæ нæ алы уавæртæм гæсгæ аивтой сæ хъуыдыкæнынад, иуæй-иутæ та — суанг сæ царды фæткæвæрд дæр. Уæдæ уыцы ивддзинæдтæ ахуыры къабазыл дæр фæбæрæг сты. Пандемийæйы рæстæг куыд скъоладзаутæн, афтæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæн дæр сæ ахуыры фæтк фендæрхуызон.

Зонындзинæдтæ исын райдыдтой дæрддзæгмæ хуызы. Ома, студенттæн парæтæ райдыдтой кæнын сæ хæдзæртты интернеты фæрцы. Уый фæдыл не сфæлдыстадон къордмæ равзæрд бирæ фæрстытæ. Куыд ахады дæрддзæгмæ хуызы ахуырад скъоладзаутыл? Стæй æхца чи фиды ахуырæн, уыдоныл та куыд сахадыдта?

Цæмæй уыцы хабæрттæ бæлвырддæр базонæм, уый тыххæй мах æрбахуыдтам Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты пресс-службæйы разамонæг Цæрикъаты Оксанæ, Хæххон-Металлургон институты ахуырады разамынды сæргълæууæг Олисаты Оксанæ æмæ Хæххон-Аграрон университеты экономикон пъланкæнынад æмæ æлхæдтыты хайады разамонæг Габолаты Заурбеджы.

Выпуски
Сывæллæтты бон
1.06.2023 21:14
Вечерняя смена / Изæры рад
Сывæллæтты бон
Темы
Рекомендуем
Полет шмеля
23.04.2024
Сывæллоны фæллойадон бартæ, Къостайы мысгӕйӕ, чиныджы бон ӕмӕ елхотӕгтӕ Мӕскуыйы
23.04.2024
Хуадонты Фатимæ
23.04.2024
Интервью с Главой РСО-Алания Сергеем Ивановичем Меняйло
22.04.2024
День книг, День нотариата и музыкальный онлайн-марафон
22.04.2024
Хъулаты Андрей
22.04.2024
Олег Хамоков
22.04.2024
Alania Fashion Day
21.04.2024
В итоге: 21 итоге
21.04.2024
Профессия
21.04.2024
Хамство
21.04.2024
Маргиевы
20.04.2024
«Хонк-фест». Художник Руслан Тхазапдижев. Музей-заповедник Лермонтова
20.04.2024
Учителя школы-интерната во Владикавказе
20.04.2024
Адæмон фронты куыст, ног хиирхæфсæн мадзал æмæ Турчы цæрæг ирæттæ Ирыстоны
19.04.2024
Все рекомендуемое