Фæстаг рæстæг бирæты æхсæнадон архайд тынг парахат у. Сæхи æвдисынц цардыуаджы алы къабæзты. Сæ размæ та æвæрынц алыхуызон хæстæ: сæ сыхбæстæйæ райдай æмæ суанг паддзахадон æххуыс райсынæн баххуыс кæнын.
Цыфæнды куыстæн та кæддæриддæр разынынц аргъгæнджытæ. Мах нæ программæйы уыцы хæс нæхимæ нæ исæм, фæлæ нæ фæндид базонын — ныры æхсæнадон архайджытæ æмæ æххуысгæнджытæ цæуыл æмæ куыд кусынц, уый.