Ирон театры артистты фыццаг фӕлтӕр… ӕвӕдза, ахъаззаг фӕд ныууагътой уыдон ирон сценикон аивады. Уыцы «удæгас хӕзнатӕй» иу уыд Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист, актер, режиссер, драматург, тӕлмацгӕнӕг, театралон педагог Цӕлыккаты Мæирбег. Йӕ ном Иры дзыллӕйы хсӕн баззад кадджын ӕмӕ рӕсугъдӕй. Ацы аз Мæирбеджы райгуырдыл сӕххӕст 110 азы.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Аивады æвæрæнтæй
- Выпуск от 12.04.2020
Цецилия
12.04.2020 19:00
Аивады æвæрæнтæй
Выпуск от 12.04.2020
Цецилия… ацы цагъды зæрдæгайгæ зæлты баззад 60-æм азты æрыгон фæсивæды уарзон артисткæ Дзаттиаты Цецилияйы ном… Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Калманты Земфирæ, Цецилияйы хуыздæр æмбæлттæй иу, сæнусон кодта рæсугъд сылгоймаджы ном аив æмæ фæлмæн цагъды, схуыдта йæ Цецилия. Нæ аивады æвæрæнты ис ацы цагъд.
Другие выпуски
