Ивгъуыд æнусты æвдайæм азты нæргæ хъæлæсы хицау, Цгъойты Азæ уыд æмхуызон зындгонд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны. Йæ репертуары уыдысты адæмон хъайтарон зарджытæ «Сæбæтхъуаты Хъазыбеджы», «Слонаты Софиайы», «Хъайырты Хъазыбеджы», «Плиты Иссæйы», «Созайты Мæхæмæты» æмæ ма бирæ æндæр зарджытæ.
Сæ фылдæр, зæгъæн ис, æмæ хъарджыты хуызæн сты, сæ мидис, сæ ныхæстæ уæззау трагикон цаутимæ баст уыдысты, ахæм зарджытæн куыдфæндыйы æнкъарæнтимæ азарæн нæ уыд. Фæлæ Азæйæн ацы курдиат уыд æрдзæй лæвæрд.