Сывæллоны зæрдæйы бирæ стыр фæндтæ вæййы. Цард цас фылдæр æнкъары, уый бæрц æм фылдæр цымыдиссаг хъуыдытæ равзæры. Йæ миддуне та – ацæг æнæзонгæ дунейæ уæлдай нæ вæййы. Фæлæ уыцы «дуне» бамыр вæййы, дидинæг фæззæг куыд бахус вæййы, афтæ, уымæн æмæ йæм æргомæй кæсын бирæ сывæллæттæм ныфс нæ разыны.
Уыцы ныфс разынд ногхъæугкаг лæппумæ Цгъойты Хазбимæ. Зындгонд фыссæг, этнограф æмæ журналист æрыгонæй йæ курдиатыл бакуыста, раст æй цыма зонгæ кодта, гыццыл фæстæдæр сæ иумæ тох кæнын кæй бахъæудзæн, уый. Æрмæст хуымæтæг тохы нæ бацыд: йе’фсад сты йæ зонындзинæдтæ, йæ тохы быдыр у сыгъдæг сыф, дамбацайы бæсты йæ къухы ис фыссæнгарз, йæ цард та дæтты ирон адæмы фидæны сæраппонд.