Æцæг курдиатджын адæймаг уæзданæй æмæ фырнымдæй фæдары йæхи. Раст ахæм адæймаг уыд курдиатджын музыкант, фæндырдзæгъдæг, композитор Цъоппойты Валодя.
Лæгæн йæ цард азтæй баргæ нæ вæййы, фæлæ адæмы æхсæн цы ном ныууадзы, уымæй. РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг, курдитджын фæндырдзæгъдæг Цъоппойты Валодяйæн фæци йæ зæххон цард. Фæлæ йæ хорз хъуыддæгтæй, йе стыр курдиатæй ирон аивады цы фæд ныууагъта, уымæн фесæфæн нæй.