Наукон æмæ æхсæнадон куыст, политикæ æмæ аив литературæ, сабырдзинад хъахъхъæнæг æмæ хорз æмбал. Куыд уæм кæсы, æппæт ацы миниуджытæ иу адæймаджы баиу вæййынц? Мæхимæ дæр цымыдисаг кæсы.
Фæлæ, дам, адæймаджы цæст уынаг у. Æмæ кæй загътон уыцы миниуджытæй хайджын адæймагыл нымайынц мæ абоны уазæджы.
Йæ фыдæн аккаг кæстæр, йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ адæмы чи уарзы, ахæм нæлгоймаг.
Тынг мæ фæнды йæ хъуыдытæ, йæ цæстæнгас базонын æмæ йæм а-изæр æнхъæлмæ кæсын уазæгуаты. Чи у? Цыбырты Алексей.