Цырыхаты Михал. Советон ирон фысджыты ирд æвдисæн. Публицист, журналист, редактор. Уӕды дуджы кæмдæрид хъуыд литературон архайд, уым уыд йе ‘рмдзӕф дӕр. Йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Кæмтты рухс»-æй æвзарæм цалдæр дзырды.
Чиныг ардыгæй равгæн: https://vk.cc/cfyLIC
—————————————
*ХÆРОГ: «Хæрог дзывыры, ададжы хæр-хæр…»
*РÆУФЫН: «Уæд мæ рæуфынау айрох кæндзæн бæстæ»
*ЦÆЛ: «Æмæ фæцæл кæнон фæрнæй»
*ЛУЛÆ: «Уартæ ком егъау лулæ дымы»
*БЫГЪДÆГ: «Уым арв у денджызау быгъдæг..»
*ХЪÆПÆН: «Куы нæ тайынц кæмтты рухс хъæпæн миттæ…»
*ТÆССАР: «Ацы схæрдгæнæн тæссары…»
*УÆЛИТАУ: «Уæлитауы Хуры тынтимæ фæзар…»