Нæ абоны уазæджы республикæйы иууылдæр зонынц. Йæ ном айхъуыст Уæрæсейы æмæ дунейы фтизиатрты `хсæн. Стæй æрмæст хорз дохтыр уæвыны тыххæй нæ. Цæстуарзон адæймаг дæр ма у. Йемæ чи фембæлы, уыдон æнæбафиппайгæ нæ фæвæййынц — æххуыс кæй бахъæуы, уымæн æй, æнæмæнг, нæ бавгъау кæны. Ссары, саразы, æрхъуыды кæны… Ахæм адæмуарзондзинад у хорз дохтыры миниуджытæй иу. Цавæр миниуджытæ ма йæм ис, йæ зæрдæйы арфы цавæр хъуыдытæ ис, уый мæ фæндид базонын. Нæ уазæг у Малиты Батырбег.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Цы сусæг кæныс
- Выпуск от 26.01.2019
Тыбылты Ибрагим
26.01.2019 19:45
Цы сусæг кæныс
Выпуск от 26.01.2019
Хатгай адæймаг ахъуыды кæны — æвæдза, цардвæндаг куыд диссаг у. Кæд дæ кæдæм æрбакæндзæн, уый ничи зоны. Уæлдайдæр та кæимæ фембæлдзынæ æмæ базонгæ уыдзынæ, уый.
Нæ программæйы уазæджы ныры онг хæстæгмæ никуы федтон, зонгæ дæр не стæм. Фæлæ мæм кæддæриддæр цымыдисаг каст.
У спортсмен, йæ риу майдантæй нæ зыны. Ерыс кæны уæззау æмæ карз спортивон тохты. Фæлæ уыимæ тынг худæндзаст æмæ зæрдæмæдзæугæ у.
Æмæ та радон хатт ахъуыды кодтон — цымæ искуы æнхъæл уыд æмæ йæ ном Ирыстоныл æмæ Уæрæсейыл кæй айхъуысдзæн, фæсарæнты йæ кæй зондзысты, уымæн.
Нæ зонын, фæлæ йын йæхи бафæрсдзынæн.
Другие выпуски
