1992 азы 12-æм июны нæ бæстæйы фыццаг хатт сбæрæг кодтой Уæрæсейы бон.
Уæдæ йыл Ирыстоны дæр алы аз зæрдиагæй сæмбæлынц. Бирæнацион республикæйы ацæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Зæгъæм фарон, кæд пандемийæйы аххосæй мадзæлттæ арæзт не рцыдысты, уæддæр зæрдæмæдзæугæ мадзал ацыд металлургты галуаны цур. Ам фыццаг хатт ирон æвзагыл азæлыд Уæрæсейы гимн. Абон нæ студийы уазджытæ сты Гимн чи ратæлмац кодта æмæ проектыл чи бакуыста, уыдон.