Æрмæст йæ иу бакаст, йе уæнгты аив конд, йæ ракъахдзæф, цæхæр цинвæлыст цæстытæ уыдысты нæ дзыллæйæн сæ удæнцой. Уалдзыгон фӕлмӕн хуры тынты хуызӕн сыгъдӕг ӕмӕ фӕлмӕн уыдысты Гӕджынаты Русланы фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕ, фӕлӕ, хъыгагӕн, дыууӕ азы размӕ ног азы къæсæрыл Руслан цӕрынхъуагӕй ахицæн цардæй…
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Аивады æвæрæнтæй
- Выпуск от 21.03.2021
Уататы Бимболат
21.03.2021 20:00
Аивады æвæрæнтæй
Выпуск от 21.03.2021
Номдзыд актер, зынгæ æхсæнадон архайæг, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, режиссер, зарæггæнæг, сценæйы фидауц кæй хуыдтой, кæсынæй æмæ хъусынæй кæмæ не фсæстыты, къахæй сæрмæ æнæхъæнæй дæр æцæг ирон лæг чи уыд- Уататы Зауырбеджы фырт Бимболат ирон аивадӕн бирæ хæрзты бацыд.
Бибойæн æрдз балæвар кодта стыр курдиат æмæ ирон рæсугъд зæрдæ. Йæ бирæ æрдхæрдтæн кæрон нæ уыд. Конд æмæ уындæй та, цыма Лæгты Дзуарæн йæ кæстæр æфсымæр уыд, афтæ фидыдта Бибо дзыллæйы астæу. Афтæ фидауцджын уыдйæ нæрæмон удыхъæды хицау Уататы Бибо кино æмæ театралон аивады дæр.
Другие выпуски
