Уататы Бимболат

21.03.2021 20:00

Аивады æвæрæнтæй

Выпуск от 21.03.2021

Номдзыд актер, зынгæ æхсæнадон архайæг, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, режиссер, зарæггæнæг, сценæйы фидауц кæй хуыдтой, кæсынæй æмæ хъусынæй кæмæ не фсæстыты, къахæй сæрмæ æнæхъæнæй дæр æцæг ирон лæг чи уыд- Уататы Зауырбеджы фырт Бимболат ирон аивадӕн бирæ хæрзты бацыд.

Бибойæн æрдз балæвар кодта стыр курдиат æмæ ирон рæсугъд зæрдæ. Йæ бирæ æрдхæрдтæн кæрон нæ уыд. Конд æмæ уындæй та, цыма Лæгты Дзуарæн йæ кæстæр æфсымæр уыд, афтæ фидыдта Бибо дзыллæйы астæу. Афтæ фидауцджын уыдйæ нæрæмон удыхъæды хицау Уататы Бибо кино æмæ театралон аивады дæр.

Другие выпуски
Аивады æвæрæнтæй

Хъалæгаты Федыр

Нæ аивады æвæрæнтæ хъæздыг сты, аргъ кæмæн нæй ахæм æрмæгæй. Бирæ ирон спектакльтæ, стыр хъыгагæн, сæ рæстæджы æнæхъæнæй фыст не рцыдысты пленкæйыл, фæлæ цæ баззадысты скъуыддзæгтæ, æмæ сæ фæрцы абон ис фадат бакæсын нæ зындгонд артисттæм.

Ирон адæмы уарзондæр артисттæй иу Хъалæгаты Майрæмы фырт Федыр зынгæ фæд ныууагъта нæ театралон аивады. Нæ архивы ис Саламты Къолайы драмæйыл æвæрд спектакль «Сæрмæт æмæ йæ фырттæй» скъуыддзаг.  Уым Федыр ахъазыд, йæ актерон дæсныйад ын тынг бæрзонд чи систа, ахæм ролы. Фыд æмæ фырт карды комæй кæсынц кæрæдзимæ. Революцийы фæстæ ног царды уаг хъыгдары зæронд Сæрмæты, Хетæгæн та цардамонд хæссы. Федыр Хетæджы куыд хъазыд, уымæн цардæгас æвдисæн сты Тæбæхсæуты Балойы ныхæстæ. Уый ацы спектаклы хъазыд зæронд Сæрмæты ролы: «Ахæм тохы-иу бацыд мемæ, æмæ-иу тæрсгæ кодтон, кæд дзы, мыййаг ферох, сценæйы кæй стæм, уый».

Абон уын уæ размæ хæссæм уыцы скъуыддзаг.

выпуск от 15.11.2020