Кæддæр Бæтæхъойыхъæуккаг ноггуырд лæппуйæн кувæг лæгтæ цы арфæтæ ракодтой, уыдоны ‘хсæн уыд «Стыр лæг дзы куыд рауайа», зæгъгæ. Азтæ цыдысты, лæппу рæзыд, æмæ æвæццæгæн, æнхъæл дæр нæ уыд – йæ ном республикæйы æмæ сыхаг регионтыл айхъуысдзæн, уый. Цæмæн афтæ рауад, уымæн йæхи бон дæр бæлвырд дзуапп радтын нæу. Фæлæ… Йæ цард-цæрæнбонты бæллыд адæмæн исты хорз ракæнын. Искæмæн баххуыс кæнын. Кæстæрмæ æххуысы къух бадарын.
Куыд мæм кæсы, афтæмæй йæ размæ цы нысан сæвæрдта, уый æххæст кæны. Абон дзы бузныг бирæтæ сты. Фæлæ йæхи цард та куыд рауад? Цæуыл цин кæны æмæ дзы цавæр маст ис? Цæмæ бæллы æмæ арæх кæй æрымысы?
Уый тыххæй нын радзурдзæн нæ уазæг – Уататы Зелим.