«Сымах ацыдыстут уæ сæйраг фæлварæн раттынмæ. Сымах Фыдыбæстæ бахъахъхъæдтат уæ удтæй» — ахæм ныхæстæ фыст ис, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты кæрты цы цыртдзæвæн ис, уым. Сæвæрдтой йæ, ахуыргæнæндонæй хæстмæ чи ацыд, æмæ чи нал сыздæхт, уыдоны номыл.
Уæлдæр скъолайæ хæстмæ ацыд 600 адæймаджы. Се хсæн уыдысты студенттæ, ахуыргæнджытæ æмæ институты кусджытæ. Сæ хæдзæрттæм дзы нал сыздæхт 100-йæ фылдæр.
Уыдоны нæмттæ ссарыны тыххæй Цæгат Ирыстоны паддзахдон университеты студенттæ бацæттæ кодтой сæ номыр. Æмæ сæм бакæсæм.