Дохтыры дæсныйад æппæты ахсджиагдæр æмæ хъæугæдæр куыд у, афтæ ма æппæты зындæр. Адæймаджы цард бахъахъхъæнын, кæнæ та рынчыны хорз ныхасæй фæныфсджын кæнын у сæ царды стырдæр нысан.
Сæ кой та уымæн ракодтам æмæ нæ радон равдыст «Мыггагæй мæ бафæрс»-ы уазджытæ сты ацы хатт дæндæгты дохтыртæ: мад Земфирæ Якубова æмæ йæ фырт Руслан Якубов. Ирон мыггаг нæ хæссынц, фæлæ ирон æгъдау æмæ фарн сæ туджы куыд ахъардтой, уый фендзыстут.