Ирон æвзаджы тетрæдтыл Дигорайы 2-æм скъолайы ахуырдзау Вадим Зарицкий йæ мыггаг фæфыссы иронау — Зарицкиты Вадим. Йæ ахуыргæнæг æй бараст кæны, афтæ фыссын не ‘мбæлы, зæгъгæ. Фæлæ йæ мыггагæй сæрыстыр уæвгæйæ, Вадим йæхи нымайы ирон адæймагыл. Райгуырд Ирыстоны, йæ фыццаг ныхæстæ скодта дыгуронау æмæ йыл йæ зæрдæ нал ивы. Республикон конкурс «Ирон дæн æз»-ы чи фæуæлахиз, уый ныр та сси нæ программæйы хъайтар.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Не 'взаг - сæ хæзна
- Выпуск от 31.01.2022
Юлия Ревенко
31.01.2022 21:20
Не 'взаг - сæ хæзна
Выпуск от 31.01.2022
Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, адæймаг кæй æвзагыл фæдзуры æмæ фæхъуыды кæны, уыдонмæ зæрдæйæ æввахсдæр вæййы. Юлия Ревенко дæр тугæй у уырыссаг, удыхъæдæй та – ирон. Йæ цот сты Дзуццатæй æмæ сæ хъомыл кæны ирон æгъдаумæ гæсгæ.
«Искуы уырыссаг уæздандзинад фехъуыстат? «Ирон уæздандзинад» фæзæгъынц æмæ кæддæриддæр уæ зæрдыл уый дарут», — арæх сын фæдзуры сæ мад Юля.
Другие выпуски
