2022 азы Ирыстон бæрæг кæдзæн 1100 азы размæ Алани чырыстон дин кæй райста, уый. Бæрæгбонмæ Ирыстоны зындгонд фысджытæ бацæттæ кодтой æхсызгон лæвар. Мыхуыры рацæудзæн 17 чиныджы. Цæимæ баст уыдзысты æмæ сыл æхсызгонæй чи сæмбæлдзæн, уый тыххæй та æрныхас кæндзыстæм нæ студийы уазджытимæ. Тъехты Тамерлан – рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор æмæ Цъæритты Кристинæ — Национ зонадон чиныгдоны бæстæзонæн хайады сæйраг библиограф.
Фæрнджын бынтæ баззад ирон адæмæн сæ рагон намысджын æмæ кадджын фыдæлтæй. Фæлæ уыцы æвæджиау налхъуытт-налмастæ мулкæй абаргæ не сты. Адæймаджы удварнимæ баст сты! Рагæй-æрæгмæ дæр хæхбæсты кувæндæттæ арæзтой бæлвырд бынæтты. Бирæ æнустæ кувæндæтты цы дзуары лæгтæ куывтой, уым фарн сæвзæрд, æмæ йæ хъахъхъæнын хъæуы. Ахæм сыгъдæг бынат у Зруджы Мадымайрæмы кувæндон! Тагъд рæстæджы йæ цалцæг кæнын райдайдзысты. Цы нысаниуæг ис рагон арæзтадæн æмæ йæм куыд базилдзысты, уый тыххæй та нын радзурдзысты нæ студийы уазджытæ, Ирыстоны кадджын хистæр Хъайтыхъты Ростислав æмæ Таугазты мыггаджы минæвар Рутен.