preloader
сейчас в эфире
11:22
НАЦИОНАЛЬНЫЕ ИНТЕРЕСЫ. ПРОФИЛАКТИКА РАСПРОСТРАНЕНИЯ ЗАВЕДОМО ЛОЖНОЙ ИНФОРМАЦИИ (ФЕЙКОВ) ОБ ИСПОЛЬЗОВАНИИ ВООРУЖЕННЫХ СИЛ РФ 12+
Смотрите Далее
11:45
"НАРАСПАШКУ" КУЛИНАРНОЕ ШОУ СВЕТЛАНЫ АБАЕВОЙ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:20
САУТÆ, БУРТÆ, МЫДХУЫЗТÆ 12+
15:00
ЦЕНА МОЛЧАНИЯ (2-ая СЕРИЯ) 16+
16:00
НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НАЦИОНАЛЬНЫЕ ИНТЕРЕСЫ. ПРОФИЛАКТИКА РАСПРОСТРАНЕНИЯ ЗАВЕДОМО ЛОЖНОЙ ИНФОРМАЦИИ (ФЕЙКОВ) ОБ ИСПОЛЬЗОВАНИИ ВООРУЖЕННЫХ СИЛ РФ 12+
close

20 азы размæ Беслæны фыццæгæм скъолайы æрцыд теракт

2.09.2024 14:29

Террористон фыдракæнды зындоны арты бацарæфтыд 334 адæймаджы, уыдонæй 186 – сабитæ. Нæй рохгæнæн, сæрмагонд службæтæ «Альфæ» æмæ «Вымпел»-ы 10 зынгхуысты, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты службæгæнджытæй чи фæмард, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæн. Чысыл горæт Беслæны тыххæй базыдтой æгас дунейы.

Цæхæрцæст чызджытæ æмæ лæппутæ аив уæлæдарæсы хъæлдзæгæй тагъд кодтой скъолайы бæрæгбонмæ. Фыццæгæм сентябрь алы ахуырдзауæн дæр ахсджиаг бон у. 20 азы размæ кадджын линейкæмæ цыдысты æгас бинонтæй. Фæлæ сывæллæтты æмæ ныййарджыты цин бирæ нæ ахста. 9 сахаты æмæ 15 минутыл скъолайы цур фæурæдта дыууæ хæдтулгæйы. Кæрт нæмгуыты æхситт æмæ хъæлæбайæ айдзаг. Цалдæр минутмæ террористтæ спортивон залмæ батардтой алидзин кæмæн нæ бантыст, уыцы адæмы се ‘ппæты дæр. Амынæтты райстой мин адæймагæй фылдæр.

Террористтæ фыццаг амардтой милицæйы кусджыты. Республикæйы цард æрлæууыд. Ӕгас республикæйы дæр фæкарздæр кодтой æдасдзинады домæнтæ. Бæрæгбоны мадзæлттæ баурæдтой. Цæгат Ирыстоны арæнтæ æхгæд æрцыдсты. Дзæуджыхъæуæй æппæт авиарейсытæ дæр систой. Скъоламæ хæстæг уынгтæ горæты цæрджытæй айдзаг сты. Нæлгоймæгтæ бырсынц скъолайы бæстыхаймæ. Цыфæндыйӕ дæр сæ фæнды сæ хиуæтты фервæзын кæнын.

Фыццаг бон террористтæ фехстой сæ ныхмæ æрлæууын хъом чи уыд, уыдоны. 20 нæлгоймаджы марды ??? раппæрстой рудзгуытæй, нæ сæ уагътой ныгæнын дæр. Лæгсырдтæ сæ æбуалгъ митæй раст цыма сæрыстыр уыдысты, афтæ сæхи дардтой.  Амынæты уæвæг адæм сæ ныхыл хæцæнгарз æвæрд афтæмæй залы къуымты сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ хистæрты сæрмæ ауыгътой рæмудзæн æрмæджытæ. Æнæ хæринаг æмæ донæй æнуды цы скъоладзаутæ уыдысты, уыдоны уавæрыл ахъуыды кæнын дæр зын у.

Дыккаг бон уавæр ноджы февзæрдæр. Цæрджытæ æмбырд кодтой фыдохы чи бахауд, уыдоны номхыгъд. Бæстæ сау адардта. Адæмы зæрдæтӕ дзаг кодтой фыдбылыз  ӕмӕ мастхæццæ  ‘нкъарæнтæй. 11 сахатыл саби чызгимæ террористтæ

рарвыстой гæххæтт сæ домæнтимæ. Сыф къухæй-къухмæ цыд. Фыст дзы уыд: иу фыдгæнæджы марды ныхмӕ фехсдзысты 50 ахст адæймаджы. Хъыгдæрд чи баййафа, уый номыл та – 20 уацайраджы. Лæгсырдтæй 5 куы фæхъæуа, уæд та срæмудздзысты скъола. Иу цастæры фæстæ тугдзыхтæ рауагътой ноггуырдты сæ мадæлтимæ.

Уыцы рæстæг адæмы зæрдæты ныфс бацыд. Сывæллæттæ аирвæздзысты, зæгъгæ. Фыдгæнджытæ та дзуапп ратдзысты закъомæ гæсгæ. Фæлæ хъыгагæн уый не ‘рцыд. 3-æм сентябры 13 сахаты æмæ 5 минутыл скъолайы æрцыдысты срæмыгъдыдтæ, кæцытæ ахастой сæдæгай сывæллоны удтæ.

Фыдгæнджытæ фæстейы æхстой лидзӕг сылгоймæгтӕ æмæ сабиты. Скъоламæ ныййарц сты æфсæддонтæ æмæ горæты цæрджытæ. Чи – хæцæнгарзимæ, чи – афтид армӕй. Сæ сæрмæ нæмгуытæ, афтæмæй æфсæддонтæ æмæ хиуæттæ архайдтой сывæллæтты уацарæй аирвæзын кæныныл. Тугамӕст æмæ гом сабитæ нæлгоймæгты къухты. Чи цы акодтаид, уый нал зыдтой. Уыцы рæстæг ам уӕвӕг ӕдӕммӕ  уыд æрмæстдæр иу хъуыды – зындонæй ратонын сывæлæтты.

Террористон фыдракæнды зындоны арты бацарæфтыд 334 адæймаджы, уыдонæй 186 – сабитæ. Нæй рохгæнæн, сæрмагонд службæтæ «Альфæ» æмæ «Вымпел»-ы 10 зынгхуысты, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты службæгæнджытæй чи фæмард, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæн. Чысыл горæт Беслæны тыххæй базыдтой æгас дунейы. Уыцы фæззæг Ирыстоны цæрджыты зæрдæты баззайдзæн дудгæ æмæ судзгæ рыст хъæдгомæй. Цасфæнды бирæ азтæ куы рацæуа, уæддæр, дуне чи нынкъуысын кодта, уыцы фыдохы тугæйдзаг æртæ боны никуы ферох уыдзысты адæмæй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Бибылты Светланæ I Фæрдгуытæ
26.10.2026
Причины роста цен на проезд в общественном транспорте, поддержка предпринимателей в районах, победители международного конкурса I Самое время
26.10.2026
Профилактика распространения заведомо ложной информации (фейков) об использовании вооруженных сил РФ I Национальные интересы
26.10.2026
Искусство дзюдо I Доброе утро, Осетия
26.10.2026
В итоге: 25.10.2026
25.10.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 25.10.2026
25.10.2026
Медикум I 25.10.2026
25.10.2026
Аивады фæз I Дзагоева Жанна
24.10.2026
Хуыцауы Дзуары бон Црауы | Кувæг Ир
24.10.2026
24.10.2026 | Традиция веры
24.10.2026
Быт осетин-горцев I Ход истории
23.10.2026
Хетæгкаты Къостайы номыл мæйон, Малиты Георгийы 140 азы æмæ чындзæхсæвы æгъдæуттæ | Йæ рæстæгыл
23.10.2026
23.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
23.10.2026
Ресторанный бизнес I Бизнес сфера
22.10.2026
Образовательная платформа «Сферум»; спектакль в Художественном музее им. М.Туганова и актуальные новости недели I Самое время
22.10.2026
Все рекомендуемое