Республикæйы скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæй карантины иу дæр нæма сæхгæдтой. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло.Ивгъуыд къуыри фæззыгон-зымæгон рæстæджы хæцгæ низтæй рынчынты нымæц 6,9% эпидемион домæны сæрты ахызт. Медицинон æххуысмæ æрбацæуæг адæмæн сæ 60% сты сывæллæттæ. Коронавирусæй чи фæрынчын, ахæм адæймæгты нымæц у 26.
Роспотребнадзоры кусджытæ амонынц, ахуыргæнæндæттæ æмæ рæвдауæндæтты низ парахат кæнын ма ‘руадзынæн ахъаз сты “райсомы фильтртæ”. Ныхас ма цыд “Горæтаг” кæй хонынц, уыцы электрон дæлстанцæйы куысты къуылымпыдзинæдтыл. 18 январы йæ телтæ аскъуыдысты æмæ Карл Марксы, Къесайы фырты, Островскийы уынгтыл æмæ Къостайы проспектыл цалдæр хæдзары æнæ рухсæй баззадысты. Авари цалдæр сахаты фæстæ аиуварс кодтой. Регионы разамонæг бабар кодта оперативон штабы цæттæдзинад сбæрæг кæнын, “Севкавказэнерго” æмæ æндæр ифтонггæнæг куыстуæтты радхæссæг къордтæ ис, æви нæ, уый дæр. Сæвзæргæ уавæрты уыдон хъуамæ фæстауæрцы объекттæ скусын кæной. Ныхас цыд Уæлахизы бонмæ цæттæгæгнæн мадзæлттыл дæр.