Нациты ‘хсæн ахастдзинæдтæ æмæ алыхуызон конфесситы ‘хсæн æмбарынады тыххæй æрныхас кодтой тымбыл стъолы æмбырды. Сарæзтой йæ адæмты хæлардзинады республикон хæдзары.
Архайдтой дзы дины минæвæрттæ, хицауады æмæ барадхъахъхъæнæн органты уæнгтæ, æхсæнадон организациты разамонджытæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Мадзалы сæйраг нысан уыд бæстæйы сабыр æхсæнадон-политикон уавæр æмæ царды æмбæлгæ фæтк бахъахъхъæныны фарстатæм æркæсын.
















