preloader
сейчас в эфире
11:29
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Адæмы миниуæг?

11.01.2019 16:37

Марковы номыл уынджы сарæзтой бырондон.

Æрдзæн æппæты фылдæр знаггад цы хæссы, уыдонæй иу у – бырондæттæ. Нæ республикæйы алы районты дæр фæскъæвда зокъотау фæзынынц. Уыимæ, кæм нæ хъæуы, ахæм бынæтты. Се `хсæн разыны ахæмтæ, æмæ сæ айсын кæнæ ныссыгъдæг кæнын стыр хъаймæт вæййы. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы, Марковы номыл уынджы цы бырондон ис, уый. Бынæттон цæрджытæ хъаст кæнынц, кæдмæ ма цæрдзысты хауæццæгты `хсæн, зæгъгæ. Ацыдыстæм дзуапп агурынмæ.


30 азы размæ ам хъавыдысты бирæуæладзыгон хæдзар саразын. Райдыдтой дзы арæзтадон куыстытæ кæнын, зæхх скъахтой, фæлæ цы компанийы бæрны уыдис, уый, куыд фæзæгъынц, æнæ хæлафæй аззад. Нал – æхца, нал – арæзтад. Адæм æнæхицау фæзыл фæцахуыр сты æмæ дзы уайтагъд бырондон ацарæзтой. Фæлæ йæм хæстæг чи цæры, уыдон сабухтой. Горæты хицауадмæ сæ хъаст бахастой. Фæнды сæ, цæмæй бынат ныссыгъдæг кæной æмæ дзы бактæ сæвæрой.

Марковы номыл уынджы 12-æм хæдзары цæрæг Екатерина Гончарова: «12 азæй фылдæр ам цæрæм æмæ ацы бырондонмæ кæсæм. Уынæг æй нæй. Хорз у æмæ ма мæнæ къæвдатæ куы ракæны, уæд сæ дон йемæ ахæссы. Æмæ ма махмæ бынтон афтæ æвзæр нæу. Бырондон нæ разы кæй сарæзтой, уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, разы не стæм. Фæнды нæ цæмæй администраци хъуыддагмæ æркæса».

Дзæуджыхъæуы администраци йæхи ницызонæг скодта. Ацы зæхх ис кооперативы бæрны. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йæм хъуамæ хъус дарой кооперативы минæвæрттæ.

Куыд уынут, афтæмæй ацы æрмæг цалынмæ истам, уæдмæ администраци дæр чысылгай базмæлыд. Ахæм уавæрмæ кæй æрхаудысты, уый, дам, адæмæн сæхи аххос у. Сæ бырæттæ заборы рæбын цæмæн калынц, зæгъгæ. Куыдфæнды куы уа, уæддæр ахæм митæ банымайæн ис административон закъонхæлдыл. Аххосджынты бафхæрæн дæр ис.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
19.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
19.11.2026
Анастасия Стукалова I Дело мастера
18.11.2026
Соседство с медведями: реальная угроза или тревожные слухи I Среда влияния
18.11.2026
Нигер I ДОК
18.11.2026
18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
18.11.2026
Студентты æппæтадæмон бон, ансамбль «Алан»-ы гастрольтæ æмæ Бирæгъты Къостайы мысгæйæ | Йæ рæстæгыл
17.11.2026
17.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
17.11.2026
16.11.2026 I Самое время
16.11.2026
18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
16.11.2026
Илья Габараев I На все времена
14.11.2026
Цораевы I Семья
14.11.2026
Прикосновение к истории I Гвардия
14.11.2026
14.11.2026 I Кувæг Ир
14.11.2026
14.11.2026 I Традиции веры
14.11.2026
Алина Касабиева | По большому счету
13.11.2026
Все рекомендуемое