preloader
сейчас в эфире
01:00
Самое время ( повтор) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
01:40
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
02:00
НА ДАЛЬНЕЙ ЗАСТАВЕ (17-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
Самое время ( повтор) 12+
close

Адæмы пайдайæн

15.01.2018 23:11

Цал æмæ-иу цал хатты фехæлдтам нæ нервытæ коммуналон лæггæдтæ бафидыны тыххæй даргъ рады лæугæйæ! Æхца фидынмæ цæуыс, уæд дæхи рагацау æрцæттæ кæн хыл самайынмæ. Науæд, дæ разæй исты æнæгъдау адæймаг куы фæуа, уæд додой йæ къона – хæстæн æнæ уæвгæ нæй.

Цал æмæ-иу цал хатты фехæлдтам нæ нервытæ коммуналон лæггæдтæ бафидыны тыххæй даргъ рады лæугæйæ! Æхца фидынмæ цæуыс, уæд дæхи рагацау æрцæттæ кæн хыл самайынмæ. Науæд, дæ разæй исты æнæгъдау адæймаг куы фæуа, уæд додой йæ къона – хæстæн æнæ уæвгæ нæй. Афтæ уыди цалдæр азы размæ. Ныр уавæр цæхгæр фæивта. Фидынмæ уый бæрц дæр цу, æхца дæм уæд, æндæр. Бирæфадатджын центрты куыст афтæ арæзт у, æмæ цыбыр рæстæгмæ уыцы-иу ран дæ бон алыг кæнын у бирæ фарстатæ. Куыст дзы куыд арæзт у, уый бæстон сбæлвырд кодта не сфæлдыстадон къорд.

Æлхæд зæххы хайæн кæнæ хæдзарæн æмбæлгæ гæххæттытæ бацæттæ кæнын ныр бирæ æнцондæр у. Кæд иу раздæр цалдæр ранмæ цæуын хъуыд – уæд ныр алцыдæр скæнæн ис иу ран. Дæсгай ведомствæты бæсты дæ фæндаг иумæ сараз. Бирæвæрсыг центртæ куыд пайда сты, уый Дзæуджыхъæуккаг Туаты Чермен йæхиуыл банкъардта. Куыд зæгъы, афтæмæй сæ лæггæдтæй арæх пайда кæны.

Бирæвæрсыг центры клиент Туаты Чермен: «Ардæм арæх æрбацæуын. Уый та уымæн æмæ дзы алцыдæр æнцон у.  Алы районы дæр сты æмæ мæ исты гæххæт куы хъæуа, уæд мын æй ссарынц. Æрбацыдтæн, мæ хъуыддаг мын скодтой æмæ ацыдтæн. Уыимæ, кæм лæггад кæнынц, ахæм рудзгуытæ дзы цалдæр сты».

Цавæр лæггæдтæ райсæн ис бирæвæрсыг центры?! Исбон балхæныны гæххæттытæ бацæттæ кæнын, медицинон фæдзæхстады полис саразын, паддзахадон автоинспекцийы ивартæ бафидын, паспорт райсын кæнæ йæ баивын – æдæппæтæй 200 хуызы лæггæдтæ. Ацы аз ма сыл бафтдзæн 30-ы бæрц. паддзахадон лæггæдтæ та дзы кæнынц иу рудзынджы фæткмæ гæсгæ. Республикæйы кусы 182 ахæм рудзынджы. Афæдзы кæронмæ ма фæфылдæр уыдзысты æппынкъаддæр 10-æй. Бирæвæрсыг центры статистикæмæ гæсгæ фарон балæггад кодтой 250 000 адæймагæн. Ома, зæгъæн ис, æмæ республикæйы алы 2-гæм цæрæгæн дæр. Центры кусджытæ сæ размæ æвæрынц хæс – лæггæдтæ хъуамæ уой тагъд æмæ хæрзхъæд. Фæзынд ма сæм иу ногдзинад. Вæййы афтæ, æмæ адæймагæн æддæмæ рацæуын йæ бон нæу. Уæд сæм сæ курдиаты фæдыл ацæуынц сæ хæдзæрттæм.

Республикæйы центртæ кусынц 7 азы бæрц. Афæдз размæ дæр ма нæ бæрæггæнæнтæ цауддæр уыдысты. Ныр фæхуыздæр сты.

РЦИ-Аланийы информацион технологиты æмæ бастдзинады управленийы хицау Сæлбиты Алан: «Фарон нæ куысты хатдзæгтæ бæллиццаг нæ уыдысты. Æргом зæгъгæйæ та, уыдыстæм 85-м бынаты. Уый нын куыд нæ фæхъыг уыдаид æмæ нæхиуыл кусын райдыдтам. 2017 азы рацыдыстæм астæуккаг бынæттæм. Уый хорз бæрæггæнæн у. Кусдзыстæм дарддæр дæр. Фæхуыздæр кæндзыстæм нæ техникон базæ. Иу ныхасæй хъуамæ уом хуыздæрты хсæн».

Бирæвæрсыг центртæ ис республикæйы алы районы дæр. Сты 12. Ацы азæй фæстæмæ та кусдзысты экстерриториалон фæткмæ гæсгæ.

Ома, кæр раздæр республикæйы цæрджыты хъуыд кæм цæрынц, уыцы районы центрмæ цæуын, уæд ныр сæ бон у центры цыфæнды хайадмæ дæр бацæуын.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Кучиты Чермен I Æрмадз
5.08.2026
Как регламенты меняют туризм, бизнес и природу Осетии | Национальные интересы
5.08.2026
Женщина за рулем I Доброе утро, Осетия
5.08.2026
Рабочие руки | Разбор полетов
4.08.2026
«Адæмон фронт»-ы акци, ахуырады ногдзинæдтæ æмæ мадæлон æвзаджы райрæзт | Йæ рæстæгыл
4.08.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 04.08.2026
4.08.2026
Хуыдæлты Тотрадз I Фæрдгуытæ
3.08.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 9: Изучение позднеаланской культуры | Ossetica
3.08.2026
Капитальный ремонт в школах, этнофестиваль «Рон», Феликс Царикати I Самое время
3.08.2026
Реставрация I Доброе утро, Осетия
3.08.2026
В итоге: 2 августа
2.08.2026
Олег Тайсаев | Песни под звездами
2.08.2026
Гуыцмӕзты Ренат ӕмӕ Хекъилаты Мирӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
2.08.2026
Сослан Андиев I В своем кругу
1.08.2026
Саутӕ, буртӕ, мыдхуызтӕ I 01.08.2026
1.08.2026
Все рекомендуемое