Фæндыры зæлтæ алырдыгæй хъуысынц. Беслæны аивæдты галуаны бæрæгбон. Фыццаг национ проект фыццаг национ телеуынынады райдыдта. Æрæмбырд дзы сты Ирыстоны алы районтæй дæр фæндырдзæгъдджытæ. Алкæй дæр фæнды йæ арæхстдзинæдтæ равдисын. Ам алы фæндыр дæр у хи сæрмагонд миниуджытимæ. Хицæн сæ кæны сæ зæлынад, ас, хъандзалтæ.
Богъаты Дзерассæ æркасты архайджыты æхсæн у æппæты æрыгон. Фæлæ жюрийы уæнгтæ алкæмæдæр иу цæстæй кæсынц. Уæдæ ацы чысыл хуры тын дæр иннæтæй йæхи лæмæгъдæрæй нæ равдыста. Зæрдæргъæвдæй тындзы уæлахизмæ. Фондз азы йыл цæуы, уыдонæй афæдз æмæ рдæг кусы музыкалон дæсныйады сусæгдзинæдтæ раргом кæнын æмæ банкъарыныл. Уый цыбыр рæстæг нæу. Уымæ гæсгæ æркасты йæхи ныфсджынæй равдыста.
Адæймагæн йæ бон йæ хъуыдытæ зæгъын куы нал вæййы,уæд ын байгом вæййвын аивады рæдау дуæрттæ. Беслæны национ телеуынынад æрбамбырд кодта канд профессионалон фæндырдзæгъдджыты нæ,фæлæ музыкæйæн йæ уæгъд рæстæг чи снывонд кæны,уыдон.Ахæмтæ Ирыстоны гыццыл не сты.
Конкурс йæ тæмæны бацыд. Архайджытæ тыхсынц. Цæмæй сын уый къуылымпыйы хос ма суа, уый тыххæй алчидæр агуры алыхуызон мадзæлттæ
Жюрийы уæнгтæ иу гыццыл фæтыхстысты. Фæндырдзæгъдджытæ хуыздæрæй-хуыздæрмæ ивынц. Уæлахиздзауы равзарын та зынæй-зындæр. Жюрийы уæнг Ходы Олег куыд зæгъы, афтæмæй раззагдæртæ сæ сæрæндзинадæй фæбæрæг сты.
«Алы ногдзинад дæр адæймаджы зæрдæйы ахъары, вæййы йын æхсызгон. Мæнмæ гæсгæ æркасты райдайæн æнтысджын рауад. Архайджытæ сты бирæ, уымæй уæлдай ма иууылдæр сты курдиатджын. Зындзинад уый мидæг ис, æмæ нæ хуыздæрты хсæн хъæуы равзарын хуыздæрты», – загъта Ходы Олег жюрийы уæнг.
Æркаст ацæудзæн Цæгат Ирыстоны аст районы. Беслæны фæстæ абалц кæндзысты Алагирмæ. Конкурсы бацархайынмæ ма ис бадæттæн курдиат. Фæлæ фæтагъддæр кæнын хъæуы. Чи зоны, æмæ фидæны кæмæйдæр Мыстулаты Иринæ рауайа, кæмæйдæр та – Гæздæнты Булат. Уымæй уæлдай-ма алкæмæн дæр æхсызон уыдзæн æхцайæ лæвар сæдæ мин сомы райсын.