Цалынмæ институты, фидæны сæ сæр бæрзонд кæмæй хæсдзысты, уыдоны агурынц, уæдмæ уал иннæ æрыгон ахуыргæндтæ æнтысджынæй сæхи фæлварынц федералон конкурсы. Ацы хатт ерыс кæнынц гранттæ райсыныл. Интеллектуалон æркасты архайдтой 1500 адæймаджы, се `хсæн – Ирыстоны 9 минæвары. Жюрийы уæнгтæ æрыгон специалисттæн аккаг аргъ скодтой, 5-æй дзы систы уæлахиздзаутæ. Грантты нымæц у дыууæ милуан сомы.
Хъæбæр згъæрты хауæццæгтæ амбырд кæнынц иу ранмæ. Куы сæ сæмхæццæ кæнынц, уæд дзы рауайы фæлмæн хæмпус буаргъæд. Дарддæр æй ныммур кæнынц, цæмæй дзы ссад рауайы, уымæй æнтысджынæй пайда кæнынц. Уæвгæ, тынг хорз у æмæ сбæззы – ног дзаумæттæ аразынмæ. Дзуапп дæтты сæрмагонд домæнтæн дæр. Згъæртæ мургæнæн æмæ ссæн ног æмæ цымыдисаг системæ æрхъуыды кодта Игорь Троценко.
Æхцайæ ма фæкæсдзысты Юрий Саханскиймæ. Уый дæр рамбылдта грант. Бирæ рæстæг куыста алыхуызон буаргъæдтæ сæхæдæг цæмæй рæмудзой, ахæм программæйыл.Ныр ыл кæронмæ бакуыста æмæ дзы ис пайдагæнæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæстæйы рæмудзæн æрмæджытæм се ргом тынг не здахынц. «Фæлæ цæуыннæ хъуамæ уа ахæм æрхъуыдыдзинад дæр» – зæгъы не ‘мбæстаг.
Уыцы хъуыдытæ æмæ наукон проекттæ тагъд куыд сæххæст уой, уый тыххæй сын æмбæлгæ æххуыс бакæны æмцегат кæныны фонд.
Гран рамбулыны конкурсы архæйдтой нæ бæстæйæ 1 400 адæймагæй фылдæр. 9 – цæгатирыстойнæгтæ. Сæ куыстытæн сын аргъ кодта жюри. Уыдон лæмбынæг кастысты проекттæм, бæрæг кодтой фидæны пайдайаг чи уыдзæн, уыдон. Æрыгæттæн цы æхцатæ радтой, уыдонæй та хъуамæ дарддæр кусой сæ æрхъуыдыдзинæдтыл.
















