Уый се `ппæтæн дæр бафæдзæхста æппæты фыццаг маршрутон такситы куыст банывыл кæнын. Куыд загъта, афтæмæй йæм алы бон дæр цæрджытæй бирæ хъæстытæ цæуы. Зæрдæмæдзæугæ не сты машинæтæн сæ техникон уавæр, се `ддаг бакаст. Уæлдай арæх та бæлццæттæ хъаст кæнынц, шофыртæ гуымиры кæй сты æмæ адæмимæ дзурын кæй нæ зонынц, ууыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй бирæ маршруткæты хицæуттæн кусыны бар дæр нæй. Куысты фæстæ машинæ гаражмæ нæ батæрынц, фæлæ йæ хæдзары ныууадзынц. Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ, æгъдаухалджытимæ цæудзæн карз тох æмæ сæ æфхæрдзысты.
















