Уадзæн пункт “Уæллаг Ларс” ногæй уæзласæн хæдтулгæтæн фæндаг æрæхгæдта. Ацæуыны бар сын нæй. Уый та уый тыххæй, æмæ боныхъæды уавæртæ февзæрдæр сты. Уæзласæн хæдтулгæты шофыртæн байгом кодтой хъармгæнæн пунктæ. Уавæр хуыздæр нæу Транскамы дæр. Райсомæй дзы зæйтæ рацыдысты. Фæндаг асыгъдæг кодтой æмæ цалдæр сахатмæ байгом. Фæлæ райсом та куыд? Нæ уацхæсджытæ йæ базыдтой.
Ацы хатт цæгатирыстойнæгтæн сæ фæллад хæхты суадзын нæ рауайдзæн. Боныхъæды аххосæй, хæдтулгæтæн Буронæй дарддæр ацæуæн нал ис. Фæндаг сæхгæдтой абон райсомæй. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ уый размæ Транскамы 17 зæйы рæцæуын кодтой. Фæлæ ма абон куыд сбæрæг ис, афтæмæй тæссаг у ноджы 13 зæйы рацæуынæй.
Машинæтæ фæстæмæ Алагирæй здахын райдыдтой, цæмæй хохы цъассы дæргъвæтин рад ма слæууа. Ацы 3 бонмæ боныхъæд сæ хуыздæртæй нæ уыдзæн. Уардзæн тыхджын мит. Уый тыххæй, гæнæн ис, æмæ фæндаг дæр цалдæр бонмæ уа æхгæд. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сæхи цæттæйæ дарынц.
Транскамы ныртæккæ дæр уары мит. Сæрмагонд службæтæ архайынц фæндаг ныссыгъдæг кæныныл. Сæ цæст дардзысты фæндаггон змæлды æдасдзинадмæ.