Битарты Вячеслав муниципалитетты размонджытæй бадомдта, цæмæй электрон тыхæн фидыны системæ банывыл кæной. Ацы аз хъармдæттæг организациты хæстæ рухсæн систы 68 милуан сомы.
Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодтой нæ республикæйы сæргълæууæг æмæ муниципалон сконды разамонджытимæ фембæлды рæстæг. Рæзынц цæрæн хæдзæртты æмбалæдты хæстæ дæр. Иумæйагæй дарынц 20 милуан сомæй фылдæр. Хæсджынты хсæн сты æрдзон газæй чи пайда кæны, уыдон дæр. Ацы аз ма сæ хæсыл 18 милуан сомы бафтыд. Закъонхалджытæ сты Æрæфы, Дыгуры, Кировы, Æрыдоны æмæ Мæздæджы районтæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ куыстуæттæн тарифтæ дыууæ хатты фæкъаддæр кодтой. Фæлæ уæддæр газæн 56% йеддæмæ нæ фидынц.
Битарты Вячеслав бабар кодта хæсджынты номхыгъд скæнын æмæ цыбыр рæстæгмæ фарстайыл бакусын. Æмбырды ма ныхас кодтой, национ федералон проектты архайыныл. 15 августмæ хъуамæ Дзæуджыхъæуы æмæ алы районы дæр, Цæгат Ирыстоны рæзты агентады æххуысæй, сбæлвырд кæной цавæр проекттыл кусдзысты, уый. Ууыл кусдзысты сæрмагонд организацитæ. Битарты Вячеслав бахæс кодта, цæмæй районтæ дæр проекттæм сæ хъус æрдарой.
Нæ республикæйы рæзты агентады разамонæг Павел Игнатьевы ныхæстæм гæсгæ, национ проекттæ афæлгæсдзысты 12 къабазыл – æнæнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырад, наукæ, культурæ, экологи æмæ æндæртæ.
















