preloader
сейчас в эфире
23:21
ЗАЩИТНИКИ 12+
Смотрите Далее
23:40
ЧЫРЫСТОН ФÆД 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЗАЩИТНИКИ 12+
close

Буроны тъунел бындуронӕй цалцӕг кӕнынц

24.08.2026 13:54

Кӕттаг объект хъахъхъӕндзӕн ӕваст ныккӕлӕнтӕй, фӕлӕ сӕйраг хъахъхъӕнӕг суыдзӕн ног тыхджындӕргонд ӕрдынцъар.

Йӕ дӕргъ — 270 метры, æрвылбон мингай машинӕтӕ, сӕ тӕккӕ сӕрмӕ та хӕххон мæры тоннӕтӕ – Буроны тъунел у Транскавказы магистралы ахсджиагдӕр хæйттæй иу, фӕлӕ уыимӕ у тӕккӕ тӕссагдӕр ран. Ам фыццаджыдæр хъæуы æдасдзинадыл хъуыды кӕнын.

Кӕттаг объект хъахъхъӕндзӕн ӕваст ныккӕлӕнтӕй, фӕлӕ сӕйраг хъахъхъӕнӕг суыдзӕн ног тыхджындӕргонд ӕрдынцъар. Конструкцийӕн йӕ бон у сейсмикон уӕзæн 9 баллы онг бафӕразын, уымӕй уӕлдай ма дзы фæзындзæн фидар гидроизоляци дӕр. Ныртæккæ конд ӕрцыд ӕрмӕст куыстыты иу хай – 4 мӕймӕ баивтой зӕронд уӕлцъар ӕмӕ хайгай сӕвӕрдтой армокаркас.

Буроны тъунел у Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ‘хсӕн сӕйраг артери, хæдтулгæтæ дзы бонӕй-бонмӕ æрмæст фылдæр, уыимæ ма зæгъæн ис, æмæ Транскамы иувæрсты ацæуæнтæ нæй. Афтæмæй, куыстыты рӕстӕг дӕр фӕндаг нæ сæхгæдтой, акодтой йæ дыууæ дихы ӕмӕ дзы сарӕзтой иутæлмон змӕлд.

Фæстытæ дарддӕр стырдæр кæнынц. Уымæн аххосаг — боныхъæд. Æрвылбоны къӕвдатӕ ӕмӕ дымгӕтӕ расайынц дурзæйтæ. Зӕгъӕм, ӕрӕджы егъау ныккалд тъунелы армокаркас фӕтасын кодта, фӕстиуджытӕ ӕвӕстиатӕй аиуварс кæнын бахъуыд.

Хуссары ‘рдыгӕй ацæуæн ныридӕгӕн сӕдас кодтой — 1800 квадраты фӕзуат хыз фӕндагмӕ дуртӕ хауын нӕ бауадздзӕн. Ныртӕккӕ фæнд кæнынц ахӕм гæрз сӕвӕрын цӕгатырдыгӕй дӕр. Аразджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, архайд цӕуы нывыл, рацаразт фӕуынмӕ хъавынц 2027 азы кӕронмӕ нацпроект “Инфраструктурӕ цӕрынӕн”-ы фӕлгӕты

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
25.11.2026
Спорт! Спорт! Спорт! I Доброе утро, Осетия!
25.11.2026
Лезгор и Нар I Вокзал для двоих
24.11.2026
24.11.2026 | Самое время
24.11.2026
Профессиональный путь I Артур Малиев
24.11.2026
Разбор полетов I 24.11.2026
24.11.2026
24.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.11.2026
Бекъуырты Зауыр I Фæрдгуытæ
23.11.2026
Ирон Джеоргуыба изæр I Уастырджимæ кувæн къуыри
23.11.2026
22.11.2026 I Куыд зæгъай, афтæ!
22.11.2026
Диспансеризация I Медикум
22.11.2026
Гвардия I 21.11.2026
21.11.2026
Традиция Веры I 21.11.2026
21.11.2026
Алания после нашествия Тамерлана | Ход истории
20.11.2026
Уастырджимæ кувæн къуыри, хæрзаудæн акци æмæ Дзуæрттимæ цыд | Йæ рæстæгыл
20.11.2026
Все рекомендуемое