preloader
сейчас в эфире
06:28
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
Смотрите Далее
06:45
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
close

Дæргъæвсы скъола фидæны аз сцалцæг кæндзысты

25.04.2024 14:04

Хъæуы цæры 150 адæймагæй чысыл фылдæр. Бынæттон скъолайы та ис æрмæст 12 ахуырдзауы. Фидæны азы йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты. Байгом дзы кæндзысты «Рæзты тæлм» дæр.

Зассеты Сæрмæт Дæргъæвсы скъолайы иунæг фыццагкъласон у. Партæйы уæлхъус æмæ журналы номхыгъды æмкъласонтыл нæ сæмбæлы. Уымæ гæсгæ æппынæдзух дæр вæййы цæттæ. Æнцонæй баххæст кæны математикæйы зын хæслæвæрдтæ, сахуыр кæны иннæ уроктæ дæр.

Скъолайы рауагъдонты кълас дæр иунæг у. Ахуыр дзы кæны æрмæст 6 адæймаджы. Ахуыргæнджытæ алы ахуыргæнинагыл дæр аххæсы. Бæстонæй сæ цæттæ кæнынц Паддзахадон фæлварæнтæ раттынмæ. Уæлæмхасæн уроктæ дæр сын скæнынц. Чысыл скъолаты ахуырадон цыды йæхи хицæндзинæдтæ ис.

Хицæндзинæдтæй æппæты æхсызгондæр, æвæццæгæн у æрдз. Алæмæты рæсугъд бынаты физкультурæйы урокты архайын. Уымæй уæлдай ма æвзонг фæсивæд архайынц уæлæмхасæн къордты. Зæгъæм, бæстæзонынады кълæсты. Сыхаг хъæутæм ацæуынц зонадон балцыты, ссарынц дзы рагон дзауматæ. Цалдæр азмæ экспонаттæ сæмбырд кодтой чысыл музейы фаг.

Дæргъæвсы скъола Цæгат Ирыстоны рагондæртæй иу у. Бирæ скъоладзаутæ дзы никуы уыд, фæлæ ацы аз сæ нымæц зынгæ фæкъаддæр. Æдæппæтæй сты 12. Адæм хæххон хъæутæй горæтмæ лидзынц, зæгъы скъолайы директор Баййаты Светланæ.

Æнусон историимæ скъолайы бындуронæй сцалцæг кæндзысты фидæны азы. Байгом дзы кæндзысты «Рæзты тæлм» дæр. Ахуырадон центры сывæллæттæн амондзысты дронтимæ архайын, фыццаг медицинон æххуыс бакæнын, 3D-моделированийы бындуртæ сахуыр кæныныл. Ныр фæсивæд кусдзысты сæхи проекттыл, архайдзысты регионалон æмæ федералон конкурсты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Международный турнир по вольной борьбе памяти Сослана Андиева I Подробнее
26.11.2026
26.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
26.11.2026
25.11.2026 | Национальные интересы
25.11.2026
Алана Хадикова I Дело мастера
25.11.2026
Спорт! Спорт! Спорт! I Доброе утро, Осетия!
25.11.2026
Лезгор и Нар I Вокзал для двоих
24.11.2026
24.11.2026 | Самое время
24.11.2026
Профессиональный путь I Артур Малиев
24.11.2026
Разбор полетов I 24.11.2026
24.11.2026
24.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.11.2026
Бекъуырты Зауыр I Фæрдгуытæ
23.11.2026
Ирон Джеоргуыба изæр I Уастырджимæ кувæн къуыри
23.11.2026
22.11.2026 I Куыд зæгъай, афтæ!
22.11.2026
Диспансеризация I Медикум
22.11.2026
Гвардия I 21.11.2026
21.11.2026
Все рекомендуемое