“Долина “Симд” сараздзысты Джызæлы. Ахæм хæс Сергей Меняйло сæвæрдта аппаратон æмбырды. Уынаффæ рахастой хъæуы цæрджыты фæндмæ гæсгæ. Исбонады министрад æмæ Дзæуджыхъæуы администраци цыбыр æмгъуыдмæ снысан кæндзысты зæххы æмбæлгæ гуырахст, уый у 120 гектары. Проекты хуызыл дарддæр бакусдзæн разамындæттæг компани.
Ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Дзæуджыхъæуы дарддæр сыгъдæг кæнынц къæвдайы дон æмбырдгæнæнтæ. Республикæйы донæй ифтонг кæныны куыстуат раиртæстой Калинины, Титовы, Ростовская, Левченко, Баййаты Гаппойы, Дзержинскийы, Барбашовы номыл уынгты, Доваторы проспекты фæндæгты хæйттæ. Гæдиаты Цомахъы уынджы та ауагътой дондзæуæн хæтæл, йæ дæргъ у 18 метры.
















