Къæвдаджын рæстæг куы скæны æмæ хæхтыл цы мит ис, уый тайын куы райдайы, уæд цæугæдæттæ рагуылф кæнынц. Тæссаг уавæры бафтынц нæ хъæутæ. Сæ иу – Хæтæлдон. Чысыл æмæ сабыр цæугæдонæн йæ кой дæр нал вæййы, куы сабухы, уæд. Ныр ын хъуамæ йæ рохтыл æрхæцой æмæ тагъд цæрджыты дон нал хъыгдардзæн.
Былгæрæттæ цалцæг кæнынц, аразынц дзы бетон кусæнгæрзтæ. Æхсæвæй-бонæй куыстытæ не `нцайынц. Боны ахаст кæд февзæр вæййы, уæд сæ уый дæр нæ хъыгдары. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат абалц кодта Хæтæлдонмæ æмæ аразджыты куыстмæ лыстæг æркæстытæ кодта.
Хæтæлдоны рæзты цы цæугæдон цæуы, уый æрвылаз сырра вæййы. Былгæрæттæй акæлы æмæ цыдæриддæр йæ разæй вæййы, уыдон ахæссы. Ныр ын йæ бартæ æркъуырдтой. Фæйнæрдыгæй йæ бетонæй фидар кæнынц. Аразын æй райдыдтой фарон æмæ сын уæдæй-нырмæ бирæ бантыст.
Былгæрæттæ бетон цъары сфæлыстой 5 метры бæрзæндмæ. Цыфæнды тæссаг уавæры дæр цæугæдон йе `рратæ куы кала, уæддæр æй уæгъд змæлд кæнын нал бауаддзысты. Змæлын æй кæй бафæнддзæн, ууыл та гидрологтæ нæ дызæрдыг кæнынц.
Былгæрæттæ фидар кæныны куыстытæ гæххæтыттæм гæсгæ хъуамæ фæуой 2020 азы. Фæлæ кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уымæй раздæр фæуыдзысты.
















