Нӕхимӕ уӕлахизимæ. Дзӕуджыхъӕуы аэропорты сӕмбӕлдысты дунейы чемпионаты призертыл дзюдойӕ. Тасойты Инал финалы фӕуӕлахиз Ушанги Кокаурийыл Азербайджанӕй æмӕ сси дунейы ӕртӕ хатты чемпион. Раздӕр уӕрӕсейаг дзюдоисттæй ахӕм æнтыст никӕй къухы бафтыд. Таймазты Мӕдинӕ рамбылдта бронзӕ майдан: финалы цыппӕрӕм хайы фæхæрд Михаэла Поллересӕн Австралийӕ, фӕлӕ уый фӕстӕ фидарӕй фӕуӕлахиз ӕртыккаг бынатыл фембӕлды. Спортсментыл Беслæны сӕмбӕлдысты ӕртӕ чъириимæ, æвзонг фарсхӕцджытӕ та райстой сӕ кумирты автографтӕ. Дзюдоисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртӕккӕ чысыл баулæфдзысты ӕмӕ сæхи ног ерыстæм цæттæ кæнын райдайдзысты.
Дзюдоисттимæ фембæлд Сергей Меняйло дæр. Сæргълæууæг сын раарфӕ кодта сӕ хорз бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй. Куыд загъта, афтӕмӕй Инал æмæ Мæдинæ сты дӕнцӕг, спортӕй архайын нырма ныр чи райдыдта, уыцы сывӕллӕттӕн. Регионы разамонæг Тасойты Иналы схорзæхджын кодта “Ирыстоны Кадӕн” майданæй йӕ спортивон ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй.
















