Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæйы æнхъæлцау сылгоймæгты бонмæ фидæны ныййарджытæн сарæзтой бæрæгбон.
Æмæ куыд æмбæлы, афтæ зарджытæ æмæ кæфтытимæ, уыимæ сын балæвар кодтой бузныджы фыстæджытæ, æхсызгон лæвæрттæ æмæ дукани “Детский мир”-мæ сертификаттæ. Æнхъæлцау сылгоймæгты бон фæбæрæг кæнынц 7-æм апрелы.
Медицинон кусæндоны сси æрвылазон традици. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй фидæны мадæлтæн ахджиаг у узæлд æнкъарын, æмбарын, медиктæ сæ царды ахсджиаг рæстæг сæ фарсмæ кæй сты, уый. Зæгъын ма хъæуы, æмæ ацы аз æнхъæлцау сылгоймæгтæ сты 82, уый фаронимæ абаргæйæ у дыууæ хатты фылдæр.
















