Ӕхсаргӕрдтӕ сӕхӕдӕг бырсынц тохмӕ — рапиристкӕтæ ӕрцыты зӕллангмӕ лыг кӕнынц бӕллиццаг баллты хъысмӕт. Ахсджиаг у æрмæст ныхмӕлӕууӕджы фæрæхойын нæ, фæлæ хи знаджы шпагæйæ бахизын – Миндзайты Аннӕйӕн уый йӕ къухы зынтӕй бафтыд. Хыгъд 14:15 — комкоммæ тохы хатдзæг сбæрæг фæстаг секундты.
Тох æнцон нæ рауад, хыгъд иухуызон цыд, куы иу æз фæразæй дæн, куы мæ ныхмæлæууæг. Фембæлд зын уыд. Мæ хъарутæ иууылдæр схардз кодтон.
Фӕлӕ зындзинæдтыл чызг фæцахуыр — уӕлахизы укол скодта йӕ фӕстаг тыхтӕй, дарддӕр ма дыууæ тохы, ныхмæлæуджытæ хуымæтæг не сты, фæлæ Аннæ йæ хъарутыл дызæрдыг нæ кæны. 8 азмӕ йын фӕз сси дыккаг хӕдзар, фидӕнмæ нысантæ йын бирæ сты – фӕнды йӕ спорты мастер суӕвын, ныр та уал ӕй йӕ бæллиц сбӕлвырд кӕнын хъӕудзӕн тохы бынаты.
Дарддæр та 16 къæпхæнмæ бахизын, уый фæстæ 8-мæ, дарддæр та цыппæрæммæ, кæд сæ ацæуон, уæд ма мæ дыууæ къæпхæны хъæудзæн баххæст кæнын. Мæ тыхтыл дызæрдыг нæ кæнын, фæлæ нырма хатдзæгтæн дæр раджы у. Мæ тыхтæ нæ бавгъау кæндзынæн.
Чызгимæ фæзмæ рацыдысты 100 спортсменкӕйӕ фылдӕр ӕппӕт бӕстӕйӕ — шпагӕты тых бафæлвæрдтой рапиристкӕтӕ Стъараполӕй, Адыгейӕ, Самарӕ ӕмӕ нӕ республикӕйӕ. Саутæты Аннæ турнир æнтыстдзинадæй нæ райдыдта, фæлæ фыццаг бынат райсыны хъуыды цух нæ уадзы.
Ам цы чызджытæ ис, уыдоны, зæгъæн ис, æмæ се ппæты дæр зонын, иу залы тренировкæ кæнæм. Сæ иуты рамбулын, бирæтæн фæхæрд вæййын. Фæлæ мæхиуыл æппынæдзух кусын. Зæгъæм, æз фæзмæ куы рахизын, уæд фенхъæлмæ кæсын цалынмæ ныхмæлæууæг фыццаг къахдзæф скæна, цæмæй йыл сæмбæлон æмæ йæ фæрæхойон.
Рапиристкӕйы фӕндагмӕ ӕрбакодтой уарзон кинойы хъайтартæ — æртӕ мушкетеры. Ӕмӕ мӕнӕ рапирӕимӕ ныр 7-æм аз. Уыцы рæстæгмæ рамбылдта бирæ хорзæхтæ, фæлæ йæ ацы турниры фæуæлахиз уæвын уæлдай тынгдæр фæнды, уымæн æмæ æвзонг спортсментæм йæ цæст дардта Галина Горохова йæхæдæг.
Чызджытæ хъæугæ амындзинæдтæ райстой бæстæйы номдзыд рапиристкæйæ – 3 олимпаг сыгъзæрины æмæ 9 уæлахизы дунейы чемпионатты. Стыр спортæй куы ацыд, уæд уый фæстæ та Галина Горохова схъомыл кодта зындгонд шпажисткæты фæлтæртæ, йæ архайдæй бындур æвæрд æрцыд советон фехтованийы скъолайæн дæр. Фæлтæрдджын дӕсныйыл сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдæй.
Спортсменкӕтӕн ахӕм цӕстдарды бын архайын у уæлдай кад — турнир ныр 7-ӕм аз цӕуы, нæ республикæйы ерыстæ фыццаг хатт арæзт не сты.
Рапиристкӕтӕ тох кӕндзысты майдантӕ ӕмӕ Кады нысантыл, райсдзысты сæ Галина Гороховайы къухӕй — уый та спортсменкӕтӕн у уӕлдай зынаргъдӕр. Турнир сарæзтой спорты министрад æмæ республикæйы фехтованийы Федераци Уæрæсейы спортсменты цæдисимæ иумæ.
















