Аивады æгæрон тых йæхиуыл чи ‘нкъары, уымæн æрыгон курдиаты фарсмæ æрбалæууын æхсызгон у. Равдыстæн йæ ном дæр йæ уæлæ — “Ирыстоны æвзонгдзинад”. Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты зал куыстытæ æмæ жанрты хъæздыгдзинадæй тæмæнтæ калы. Сфæлдыстадон фæсивæд не ‘гъдæуттæм стыр æргом здахынц.
“Хоры Уациллайы куывды” ныв арæзт у реалистон жанры. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты студент Калоты Зауыр ыл куыста мæйы бæрц. Бавнæлдта йæм зæрдæргъæвд, бæстонæй. Æрмæг дæр ын йæхæдæг æрæмбырд кодта. Национ уддзæф цы нывтæй цæуы, уыдон зæрдæйы уæлдай бынат ахсынц.
Нывгæнæджы хъайтар — куыствæллад. Йæ цæстытæ арвмæ сдардта. Уым — нæ хæхты æлдар кæмæн нæй, уыцы æнæхъыг “Зæрватыкк”. Къостайы уацмысмæ гæсгæ куыст йæ автор Цоппойты Аннæ хоны “ныфсдæттæг”. Йе скæнынæн бахъуыд мæй.
Фæсивæдон равдыст райрæзты ахсджиаг къæпхæн у. Аавтор йæ фыццаг къахдзæфтæ куы акодта, уæдæй, дзæвгар рæстæг рацæугæйæ, йæ куыстыты цы аивта, уый ирдæй фены. Æмæ цас фылдæр архайа æрыгон автор равдыстыты, уый бæрц æм йæ куыстыты хъæндзинæдтæ хуыздæр зындзысты. Ам ис 130 æрмæгæй фылдæр.
“Ирыстоны æвзонгдзинад” æрвылаз зонгæ кæны аивадуарзджыты фæсивæды куыстытимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хиуыл кусын нырма бирæ хъæуы, фæлæ дæсны нывгæнджытæн уый бæрц æрыгæтты уынын удæнцой у.