Арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министры 1-аг хӕдивӕгæй ногӕй снысан кодтой Тъехты Аланы. Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ культурӕйы министры 1-аг хӕдивӕджы бынатӕй уӕгъд ӕрцыд Рӕмонты Маринӕ. Кадрты фæдыл уынаффӕтӕ хаст ӕрцыдысты республикӕйы хицауады ӕмбырды, амыдта йæ Дзанайты Барис. Ныхас цыд ӕндӕр ахсджиаг фарстатыл дӕр. Национ проекттӕ “Бинонтӕ” ӕмӕ “Фӕсивӕд ӕмӕ сывӕллӕттӕ”-йы фӕлгӕты республикӕйы районтӕн паддзахадон исбонӕй лӕвӕрд ӕрцыд ифтонггæрзты 13 мин иуæгæй фылдӕр скъолаты ахуырады системӕтӕ модернизацийӕн. Дзанайты Барис куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй 113 кусæндоны райсдзысты ног техникӕ.
Æнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхстады территориалон фонды бюджетмӕ ӕфтиӕгты иумӕйаг гуырахст 2027 азы уыдзӕн 17 млрд 827 млн сомы, 2028-ӕм азы — 18 млрд 933 млн ӕмӕ 20 млрд 66 млн сомы – 2029-ӕм азы. Сӕйраг гуырӕн у субвенци æнæмæнг медицинон фæдзæхстады Федералон Фонды бюджетӕй. Уыимӕ ӕфтиӕгты ӕмӕ хӕрдзты дефицит нысангонд нӕ цӕуы.
















