Дзанайты Барис схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны хицауады премийы лауреатты фæсивæдон политикæйы къабазы. Йæ райсынмæ ацы аз сæ кандидатурæтӕ бахастой 15 адæймаджы, уыдонæй 3 систы лауреаттæ.
Уæлахиздзаутæ райстой дипломтæ æмæ æхцайы премитæй. Монон-хæрзæгъдау æмæ граждайнаг-патриотон хъомылады алы хуызты райрæзт æмæ æххуысы тыххæй схорзæхджын кодтой Рахизфарсы районы администрацийы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайады разамонæг Берозты Фатимæйы. Сывæллæтты æмæ фæсивæды змæлды райрæзтмæ æвæрæны тыххæй — Цæгат Кавказы бархионтæн æххуысы фæрæзты центр «Кавказы бархион»-ы разамонæг Илаты Батразы. Фæсивæдæн æххуысимæ баст мадзæлттыл æппынæдзух куысты тыххæй схорзæхджын кодтой «Дзæуджыхъæуы профессионалон колледжы» разамонæджы хæдивæг Кæсæбиты Мæдинæйæн. Мадзалы архайдта республикæйы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны хицауады преми у æрвылазон æмæ йæ дæттынц фæсивæдон политикæйы къабазы архайджыты сразæнгард кæнынæн. Дзанайты Барис аныхас кодта фæсивæдимæ. Бузныг сын загъта, республикæйы райрæзтмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц, уый тыххæй.
















