«Севкавказэнерго»-йы лæггадгæнæн центры уыд фæлхасгæнæджы бон. Республикæйы цæрджытæн сæ бон уыди фарстатæ раттын.
Адæмы фылдæр тыхсын кæнынц хæдзæрттæм æмæ организацитæм электрон тых бауадзыны домæнтæ, хи хыгъды бæрæггæнæнтæ куыд сбæлвырд кæнæн ис, стæй центры цавæр лæггæдтæ райсæн ис, уый. Фæлхасгæнджытæн дзуапп лæвæрдта центры хицауад. Ахæм фембæлд сарæзтой фыццаг хатт. «Севкавказэнерго»-йы разамынды ныхæстæм гæсгæ, ныр алы мæй дæр уыдзысты. Алкæй бон дæр сæм у æрбацæуын æмæ сæ сы тыхсын кæны, уыцы хъуыддаг сбæлвырд кæнын, сæ фарстатæн дзуапп базонын. Уымæн та сæ хъæуы æрмæстдæр фембæлдмæ сæхи рагагъоммæ ныффыссын кæнын, кæнæ та телефонæй æрбадзурын.
















