Фæндаггон змæлды фæтк халджыты басгардзысты, сæ транспортæн сæм æнæмæнг фæдзæхстадон полистæ ис, æви нæй. Уый иртасдзысты видеоцæстдарды камерæтæм гæсгæ. Уавæр сбæрæг кæныны фæстæ хæдтулгæйы хицау иваргонд цæудзæн 800 сомы. Закъон йæ тыхы бацæудзæн сæрды.
Ноджы ма 2-æм мартъийæ фæстæмæ ис фæдзæхстадон полис цыбыр æмгъуыдмæ байгом кæнын – иу бонæй – иу афæдзмæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ногдзинад хорз у иу сезонмæ хæдтулгæ чи райста æмæ йæ уæй кæнынмæ чи хъавы, уыдонæн. Ахæм полис скусдзæн бадзырд бафыссынæй 3 боны фæстæ.
Æмткæй райсгæйæ Цæгат Ирыстоны хæдтулгæтæн фæдзæхстадон полистæ байгом кодтой шофырты 27%. Иннæ 73%-æй, зæгъгæ, исчи фæндаггон фыдбылызы бахауд, уæд йæ хæрдзтæ йæхи фидгæ уыдзысты.
















