Цæгат Ирыстон райсдзæн 600 милуан сомæй фылдæр æрзæткъахæн хауæтдзæгтæ æмбырдгæнæн цадтæ Уынал æмæ Фыййагдоны айсынæн. Ахæм уынаффæ рахастой Уæрæсейы паддзахадон Думæйы æмбырды.
Дзырдтой дзы 2019-æм азы бюджетыл. Æхцайы фæрæзтæ республикæ райсдзæн паддзахадон программæ «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады рæзт» саразынæн дæр. Ацы къабазæн радих кæндзысты 984 милуан сомы. 234 милуан сомы ма лæвæрд æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны спорты министрадæн. Уыцы фæрæзтæй сараздзысты гом спортивон-дзæбæхгæнæн комплекстæ, спортивон хъæбысхæсты регионалон центртæ, сывæллæтты æмæ фæсивæды спортивон скъола «Юность»-ы футболон фæз. Уымæй уæлдай ма хъæугæ кусæнгæрзтæ балхæндзысты республикæйы спортивон скъолатæн.
Хъæууон хæдзарады къабаз дæр æнæ цæстдардæй нæ ныууагътой. Министрадæн радих кæндзысты 239 милуан сомы. Уыдонæй 124 схардз кæндзысты хъæууон хæдзарады федералон проект саразынæн. Раздæр уыцы хæрдзтæн 25 милуан сомы йедтæмæ нæ лæвæрдтой. Фæлæ паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур бацархайдта фæрæзтæ 5 хатты фæфылдæр кæныныл.