«Ступень в науку» – афтæ хуыйны, Дзæуджыхъæуы цы регионалон конкурс райдыдта, уый. Арæзт æрцыд республикæйы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны, ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Архайынц дзы æрыгон иртасджытæ. Ерыс дзы кæндзысты 3 къæпхæнæй: райдайæн, астæуккаг æмæ уæлдæр скъолайы ахуыртæ.
Ацы аз уыдон къамисæн равдисдзысты 273 куысты, баст уыдзысты гуманитарон, æрдзон-наукон, техникон æмæ математикон зонæдтимæ. Ерысты сæйраг нысан – хъомысджын æмæ курдиатджын æрыгон фæлтæр рабæрæг кæнын. Мадзал арæзт у сывæллæтты æмæ фæсивæды зонадон-техникон рæзты программæйы фæлгæты. Йæ ном – «Национальное достояние России». Ацы хъуыддагимæ ма баст у национ проект «Образование» дæр. Ерыстæ ахæсдзысты 31-æм январмæ. Хуыздæрты равзардзысты кæронбæттæн кадджын мадзалы.
















