preloader
сейчас в эфире
17:05
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Газы баллонтæй пайда кæныны æдасдзинады техникæ

12.02.2018 22:36

Газы баллонтæй раст куы нæ пайда кæнай, уæд уый арæх расайы фыдбылызмæ. Фæстаг рæстæджы ахæм цаутæ фылдæрæй фылдæр кæнынц.

Газы баллонтæй раст куы нæ пайда кæнай, уæд уый арæх расайы фыдбылызмæ. Фæстаг рæстæджы ахæм цаутæ фылдæрæй фылдæр кæнынц. Специалисттæ курынц, цæмæй адæм æдасдзинады техникæмæ цыфæндыйы цæстæй ма кæсой. Фæлæ та æнæрадон сгæрстыты рабæрæг вæййы, æгъдаухалджытæ бирæ кæй сты, уый. Абон æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æмæ пъæлицæйæгтæ сарæзтой рейд Горæтгæроны районы цæхæрадæтты æмбалад «Хæххон»-ы. Семæ ацыд нæ уацхæсджыты къорд дæр.

Лазаревты хæдзар 7-æм февралы æхсæвы иу сахатыл ссыгъд. Эксперттæ бæлвырд ныхас нæма загътой, фæлæ, фыццаг æркастмæ гæсгæ, зынгсирвæзт рауад, туаггуыры шланг кæй аскъуыд, уый аххосæй. Хæдзарæй ма пырхæнтæ баззад. Фыдбылызы амæттæгтæ ныртæккæ сты рынчындоны. Сæ цардæн тас нал у. Фæлæ сæ уыцы æхсæв никуы ферох уыдзæн. Æвдисæнты ныхæстæм гæсгæ, цалдæр минутмæ æнæхъæн хæдзар арты бын фæцис.

Ацы æвирхъау хабар дзуры, адæмæн газы ифтонгарзæй раст пайда кæныны фæтк сæ зæрдыл æрлæууын кæнын кæй хъæуы, ууыл. Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ æмæ пъæлицæйæгтæ сарæзтой иумæйаг рейд. Æмæ уый ивар кæныны тыххæй нæ, фæлæ фыдбылызæй бахизынæн.  Уæлдай лæмбынæг инспектортæ кастысты газы балонтæ куыд æмæ кæм æвæрд сты, уымæ.

Рейды рæстæг ма адæмæн лæвæрдтой зæрдылдаринаг гæххæттытæ æмæ сæ сахуыр кодтой, хи куыд дарын хъæуы, газ уадзын куы райдайа, уæд. Хæдзары тæф куы бамбарай, уæд фыццаджыдæр хъæуы æппæт газы гарзæгтæ ахуыссын кæнын, сыгъдæг уæлдæф алы уатмæ дæр æрбауадзын æмæ аварион службæтæм бадзурын. Æппæты вазыгджындæр та у кæддæриддæр къæрцхъус уæвын.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
18.11.2026
Студентты æппæтадæмон бон, ансамбль «Алан»-ы гастрольтæ æмæ Бирæгъты Къостайы мысгæйæ | Йæ рæстæгыл
17.11.2026
17.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
17.11.2026
16.11.2026 I Самое время
16.11.2026
18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
16.11.2026
Илья Габараев I На все времена
14.11.2026
Цораевы I Семья
14.11.2026
Прикосновение к истории I Гвардия
14.11.2026
14.11.2026 I Кувæг Ир
14.11.2026
14.11.2026 I Традиции веры
14.11.2026
Алина Касабиева | По большому счету
13.11.2026
Тетцойты Юрий | Хæдзарадон
13.11.2026
Тактика I 29.10.2026
29.10.2026
Подробнее I 29.10.2026
29.10.2026
Самое время I Операции на открытое сердце в республике; реабилитация участников СВО и актуальные новости недели
29.10.2026
Все рекомендуемое