Фермерон хæдзарæдты райрæзтæн – сæрмагонд грант. Программæ «Агростартап»-ы фæлгæты Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады чи фæллой кæны, уыдонæн аразынц ног фадæттæ. Дæттынц сын æхцайы фæрæзтæ. Снысан æй кодтой 2019 азы. Ныртæккæ фермертæн сæ бон у паддзахады æххуысы фæрцы хъæууон хæдзарады къабазы кусын. Йæ хæдзарады райрæзтæн Гусаты Хъазыбег Хъæууон хæдзарады министрадæй грант райста. Самал кодта стуртæ дзидзайы куыст кæнынæн.
Ацы фермæ Нартыхъæуы куы фæзынд, уæдæй афæдз нæма рацыд. Йæ хицау Гусаты Хъазыбег хи хæдзарад байгом кæныныл рагæй архайдта. Цалдæр азы размæ бафæлвæрдта зæххы куыст кæнын дæр, фæлæ йæ фæнд нæ фæрæстмæ. Боныхъæды аххосæй тыллæг нæ радта. Лæппу йæ къухтæ не ‘руагъта æмæ йе ‘ргом аздæхта фосдарыны куыстмæ. Йæ уæндон къахдзæф рауад æнтыстджын.
Хъазыбег фосдарæн бынæттæ самал кодта, фæлæ стуртæ цæмæй балхæдтаид, уыцы фæрæзтæ йæм нæ уыд. Уæвгæ, фæллой кæнын кæй уарзы, уый не ‘мбæхсы. Йæ уавæры тыххæй радзырдта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн.
Дзуапдæттæг министрады специалисттæ Хъазыбеджы сразæнгард кодтой грантты программæ «Агростартап»-ы бацархайын. Æххуыс у, хъæууон хæдзарады чи фæллой кæны, сæрмагондæй уыдонæн. Нæлгоймаджы къухы бафтыд æртæ милуан æмæ аст сæдæ мин сомы райсын. Уыцы фæрæзтæй самал кодта 21 стуры. Куыстуат цыбыр рæстæгмæ рæзты къахыл ныллæууыд. Æрмæст, Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ, холлаг кæм амал кæна, ахæм зæххытæ нæй. Ныридæгæн фермæйы фæзынд 11 роды. Фосдон кæдфæндыдæр у зылд æмæ хæрзфснайд. Хосдон – æппынæдзух дзаг. Хъазыбег куыд загъта, атæмæй фос дары дзидзайы куыст кæнынæн.
Фидæны Гусаты Хъазыбеджы фæнды æхсыры куыст кæнын дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй æрбаласæггаг продукцийы хæрзхъæддзинад фылдæр хатт хорз нæ вæййы. Уымæ гæсгæ йын йæ бæрц фæкъаддæр хъæуы, æмæ нæхимæ уагъд æхсыр æмæ æхсыры продукттæ уæй кæнын адæмæн.
Дзæдзойты Фатимæ
















