preloader
сейчас в эфире
21:45
TABULA RASA 12+
Смотрите Далее
22:55
МЕЛОДИИ ГОР 12+
23:25
АХУЫРГÆНÆГ 12+
ТВ ПРОГРАММА
TABULA RASA 12+
close

Кæддæры æвдадзы дон

24.07.2018 16:24

Буроны цæрджытæ кърæнтытæй сыгъдæг доны бæсты кæлы чъизи дон.

Хæххон дон кæддæриддæр айдæнимæ абарæн уыд, йæ сыгъдæгдзинады тыххæй. Фæлæ Буроны цæрджыты хæдзæртты ныр дыууæ мæйы бæрц цы дон кæлы уымæй сыгъдæг зæгъын, æвзаг дæр нæ тасы. Куыд рабæрæг, афтæмæй, хъæумæ дон кæцæй цæуы уыцы раныл къæдзæх æркалд. Йæ къæйттæ ныппырх сты æмæ дон уый тыххæй æвзæр цæуы. Уымæй уæлдай ма алы къæвдайы фæстæ дæр дон ракæлы æлыг æмæ змисимæ.


Ацы уавæр æрымысгæ нæу. Буроны алы хæдзары дæр ахæм дон цæуы. Къæвдаты фæстæ кърæнтытæй кæд дон кæлы, уæддæр нуазынæн нæ бæззы. Æнæ лабораторон иртæстытæй дæр бæрæг у — йæ хæрзхъæддзинад æмæ сыгъдæгдзинад дызæрдыккаг кæй у. Адæм фыр мæстæй цы кæной, уый нæ зонынц. Дон арæхæй æнæ дон уæвын. Уымæн та ныры рæстæджы æмбисонды технологитимæ куыд ис гæнæн? Адæм нуазынæн доныл ауæрдгæйæ æрвитынц сæ бонтæ. Алы доны æртах дæр сын нымад у.

Ацы дон æрласæм цæмæй дзы сывæллæттæ нуазой. Сывæллæттæн дæр ацы донæй дæттын, уæдæ хæринаг дæр амæй кæнын. Нæхи та найæм кърантæй цы дон цæуы, уымæй. Стæй сыгъдæг дон схъарм кæнæм, æмæ уый нæхиуыл аркалæм.

Кърæнтытыл бакодтой хæцъилтæ — ахæм хуызы дон фæрсудзынц. Адæм сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй дондзæуæн хæтæлты æппынæдзух цъыф æрæмбырд вæййы. Уымæ гæсгæ куыд арæхсынц, афтæ архайынц хæтæлтæ арæхдæр сыгъдæг кæныныл. Уæдæ хæрæнуæтты та алы къуымы дæр алыхуызон мигæнты -тасты, ведраты ис цалдæр мæймæ сын иуыл зынаргъдæр цы хæзна ссис, уый — дон.

Буроны цæрæг Мамытты Тамарæ: «Ам бирæ азты дæргъы цæрæм æмæ æнæ дон никуы уыдыстæм. Дон нæм сыгъдæг суадонæй цыд, уыдис æвдадзы хосау. Ныр та афтæ рауад: фарста аиуварс кæнын хъæуы. Æххуыс нын кæнынц, æрласынц нæм нуазыны дон. Ныр уал куыддæртæ цæрæм, фæлæ зымæг куы ралæууа, уæд та куыд?Афтæмæй адæмæн æнæ хъармæй, æнæ газæй баззайынæй тас у. Хи дæр уæдæ нæ ныннайдзынæ. Иу ныхасæй раст цыма астæуккаг æнусты цæрæм, хатгай мæм афтæ фæкæсы».

Уалдзæджы коммæ нуазыны дон кæцæй цæуы, уыцы раныл къæдзæх æркалд. Йæ къæйттæ ныппырх сты æмæ дон уый тыххæй æвзæр цæуын райдыдта. Уымæй уæлдай-ма доны хæтæлтæ æлыг æмæ змисæй байдзаг сты. Афтæ алы бон дæр. Хъæуы администрацийы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ бынатмæ æркастысты. Æрцыдысты хатдзæгмæ — уавæр сраст кæнын сæ бон нæу. Уымæй уæлдай — ма техникæ ахæм бæрзæндмæ стæрын сæ бон нæ бауыдзæн. Цæмæй дон йæхи гъдауæй ссыгъдæг уа, уымæн та хъæуы рæстæг. Фæлæ уый фæстæ дæр дон нуазынмæ бæздзæн æви нæ, уый гуырысхойаг у.

Фарста аиуварс кæнæн ис æндæр мадзæлтты фæрцы. Уавæр куыд æмбæлы, афтæ кæд уыдзæн, уый бæлвырд нæу. Уæдмæ уал адæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц донласæн машинæтæм. Æндæр гæнæн сын нæй.Уый та сæм бонцухæй цæуы.

Гогаты Марат

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Сабæттаг
27.04.2024
Борис Галати
27.04.2024
Международный день танцев
27.04.2024
Любовь
26.04.2024
Æлхуйнæ I 1972 анзбæл
26.04.2024
Зæххы фарста, куысты бынæттæ æмæ Дыгуры районы хабæрттæ
26.04.2024
Сыгъдæг Нинæйы номыл аргъуан
25.04.2024
О матче «Алания — Кубань» и ситуации в команде
25.04.2024
МИРОощущение: 25 апреля
25.04.2024
Мeждунapoдный дeнь coлидapнocти мoлoдёжи, кофе
25.04.2024
Къесати Валерий
25.04.2024
Айларты Эмилия
25.04.2024
Таха Акгюль на сборах в Осетии, подготовка сборной республики по вольной борьбе на предолимпийский чемпионат России
24.04.2024
Борьба с наркоманией
24.04.2024
Производственный взлет: полвека успешной работы завода «Радуга»
24.04.2024
Все рекомендуемое