preloader
сейчас в эфире
14:46
ДЗÆНГÆРÆГ. ДЗТИАТЫ БИНОНТÆ 12+
Смотрите Далее
15:10
МУЗЫКÆ 12+
15:35
БИНОНТÆ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ЧЕЛОВЕЧЕСКИЙ ФАКТОР. ЗАВОДСКОЙ БЛОКНОТ 12+
16:50
ЗАМАНÆЙ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ДЗÆНГÆРÆГ. ДЗТИАТЫ БИНОНТÆ 12+
close

Кæнæ – уардзæн, кæнæ – нæ

4.12.2018 16:39

Алагиры цæрджытæ домынц фæндагыл цæлхдуртæ сæвæрын.

Уырыссагау «лежачий полицейский» кæй хонынц, уыцы ахсджиаг фæрæз æнæсæрфат шофырты уромынæн у. Сæвæрынæн ын фадат ис бирæ рæтты, уыцы фæтк бæлвырд у. Ахæм хъæппæрисæн хъуамæ уа барадон бындур. Фæлæ хатт уыдæттæ фыст дæр никæмæ вæййынц. Уымæн æвдисæн – зæгъæм, Алагиры Кировы номыл уынджы цы хабæрттæ цæуы, уыдон. Чи дзы уыцы фæрæзы сæрыл хæцы, кæмæн та йæ цæстысындз фестад.


Алагиры Кировы уынджы цæрджытæ ацы хъуыддаджы кæрæдзиимæ ныхмæ кæны ныр æртæ азы бæрц. Сæ иуты, уынджы, уырыссагау «лежачий полицейский», зæгъгæ, фæрæз кæй нæй, уый катайы `фтауы. Хæдтулгæтæ æхсæвæй-бонæй уыджы сыххуыт кæнынц. Цæрджытæ уæлдай тыхст боныгон вæййынц. Сывæллæттæ дуармæ куы фæхъазынц, уæд

Фæндагыл ахæм цæлхдур сæвæрыныл разы сты 16 бинонтæй. Бынæттон администрацимæ дæр ма сæ курдиæттæ балæвæрдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, æркастысты йæм æмæ цæрджыты фæндон сæххæст кодтой. Фæлæ адæмы цин бирæ н` ахаста. Уайтагъд æй фæстæмæ фелвæстой. 6 мæйы рацыд æмæ та йæ ногæй байтыдтой. Уæвгæ бирæ дзы нæ афæстиат. Чысыл рæстæджы фæстæ та йæ ныххафтой. Адæм, куыд фæзæгъынц, хæлиудзыхæй аззадысты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы рака-бакæ иууылдæр сæ сыхаджы аххæстæ сты. Сæ фæнд сæххæст кæныны тыххæй администрацимæ къахихсыд баисты. Фæлæ уыцы иунæг цæрæг се `ппæтæй тыхджындæр разыны. Цæмæн, уымæн дзуапп радтын никæй бон у. Фæлæ йын районы разамынды йæ фæндоныл дыууæ ничи фæзæгъы.

Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы уынджы цалдæр азы размæ æрцыд фæнддагон фыдбылыз лæгмæрдтимæ. Уый фæстæ дæр ацы хъуыддагмæ сæ цæст не `рдардтой. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй барæй æвæрд цæлхдур æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ нæ сæвæрдтой. Стæй, дам, ацы ран ницы пайда у. Ома, дзы хæстæг нæдæр скъола ис, нæдæр рæвдауæндон.

Алагиры районы автоинспекцийы сæргълæууæг Чертхъоты Владимир: «Мах администрацийæ бадомдтам, цæмæй йæ сæвæрой кæнæ аккаг домæнтæм гæсгæ, кæнæ та йæ бынтондæр айсой. Ацы фæндаг, бæллæхæй тæссаг кæм у, ахæмты номхыгъдмæ нæ хауы. Кæд администраци разы у йæ сывæрыныл, уæд мах дæр».

Мах фæндыд ацы хъуыддаджы фæдыл бынæттон администрацимæ фæрстатæ радтын, фæлæ нæ бакуымдтой. Аныхас кодтам æрмæстдæр телефонæй.

Алагиры районы администрацийы капиталон арæзтады хайады разамонæг Гæбуты Юрий: «Ахæм уынаффæ рахаста, фæндаджы æдасдзинадмæ чи кæсы, уыцы къамис. Ис нæм ахæм. У иумæйагæй хаст уынаффæ æмæ паддзахадон автоинспекцийы фæндон».

Хъуыддаг бынтон нылхынцъ. Цæрджытæ дыууæ къордыл адих сты æмæ кæрæдзимæ зулцæстæй кæсын райдыдтой. Уæвгæ ахæм барæй конд цæхдуртæ кæмфæнды æвæрæн нæй. Закъоны бæлвырдæй амынд сты уыцы рæттæ. Фæлæ ма уыцы закъоны ис иу фиппаинаг: адæм сæ цурты цæуæг фæндаг тæссагыл куы нымайой, уæд сын сæ курдиатмæ администраци хъуамæ йæ хъус æрдара.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Бекъуырты Зауыр I Фæрдгуытæ
23.11.2026
22.11.2026 I Куыд зæгъай, афтæ!
22.11.2026
Диспансеризация I Медикум
22.11.2026
Гвардия I 21.11.2026
21.11.2026
Традиция Веры I 21.11.2026
21.11.2026
Алания после нашествия Тамерлана | Ход истории
20.11.2026
Уастырджимæ кувæн къуыри, хæрзаудæн акци æмæ Дзуæрттимæ цыд | Йæ рæстæгыл
20.11.2026
20.11.2026 | Доброе утро, Осетия!
20.11.2026
Махарбек Туганов I Подробнее
19.11.2026
Автоматизация бизнес процессов I Бизнес-сфера
19.11.2026
Футбольная команда «Иристон», День преподавателя высшей школы и актуальные новости недели I Самое время
19.11.2026
19.11.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
19.11.2026
19.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
19.11.2026
Анастасия Стукалова I Дело мастера
18.11.2026
Соседство с медведями: реальная угроза или тревожные слухи I Среда влияния
18.11.2026
Все рекомендуемое