Æфсымæрон литературæтæ — иу чиныджы. Кавказы фысджыты клубы антологи рæгъмæ рахастой Дзæуджыхъæуы. Æмбырдгонды, прозаикты уацмыстæй уæлдай, ис поэтты, литературæиртасджыты æмæ публицистты алы жанрты куыстытæ. Æдæппæтæй 99 авторы, сæ тематикон æмæ сфæлдыстадон хицæндзинæдтæ кæсæг ирдæй банкъардзæн чиныджы.
“Камни и цветы” æртыккаг рауагъд у, йæ тираж — 300 экземпляры. Фыццаг дыууæ антологийы “Под тенью чинары” æмæ “Предчувствие” рацыдысты Налцыкк æмæ Грознайы. 15 азы размæ клубæн, Цæцæны адæмон фыссæг Муса Ахмадовы хъæппæрисæй, бындур сæвæрдта Кæсæг-Балхъары, Хъæрæсе-Черкесы æмæ Хъалмыхъхъы адæмон фыссæг Салих Гуртуев. Сфæлдыстадон цæдис азæй азмæ уæрæхдæр кæны. Æртыккаг антологийы фæрстыл æрбынат кодтой æгас бæстæйы æмæ суанг Фæскавказы минæвæртты ныхæстæ дæр. Бакуыста йыл клубы президент Миясат Муслимова, авторон экземпляртæ Дзæуджыхъæумæ сласта йæхæдæг. Æмбырдгонды ис Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны 12 фыссæджы 34 уацмысы. Регионалон хайад байгом 2019-æм азы, йæ сæргъы лæууы Хетæгкаты Оксанæ.