Дзæуджыхъæуы байгом менталон арифметикæйы дæнцæгæн хæссинаг скъола. Хуымæтæг ныхæстæй дзургæйæ, уым рагон æгъдæуттæм гæсгæ ахуыр кæндзысты тагъд нымайыныл.
Уæрæсейы кæцыдæр регионты ацы нымайыны фæткы тыххæй базыдтой раздæр. Ныр та ма – Цæгат Ирыстоны. Сывæллæттæ пайда кæнынц нымайæн къæбæлты хуызæн кусæнгарзæй. Хонынц сæ «соробан», зæгъгæ. Диссаг уый у, æмæ сывæллæттæн зын хынцинæгтæ хинымæры нымайыны æмрæстæг сæ бон у æмдзæвгæтæ дзурын æмæ зарджытæ зарын. Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт байгом ис ахæм скъола, фæлæ дзы уæддæр ныридæгæн ис 50 ахуыргæнинаджы. Азтæм гæсгæ æртæ къордмæ æмбырд кæнынц 4 азæй 16-мæ кæуыл цæуы, ахæм сывæллæтты. Фыццаг урок ахицæн. Сабитæ та баззадысты разыйæ ног нымайæн фæткæй.
















