Дзæуджыхъæуы æхсæнадон Совет хъуамæ суа æхсæнад æмæ хицауады хсæн минæвар. Ахæм хæс Советы уæнгтæн сæ размæ сæвæрдта Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды разамонæг Икъаты Русланбег.
Æхсæнадон Советы 5-æм скондæн абон уыд фыццаг æмбырд. Равзæрстой ног сæрдары. Æмхъæлæсæй уыцы бынаты баззад Михаил Шаталов. Хæдивджыты дæр сфидар кодтой. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, экологи, æрдзхъахъхъæнынады, фæндæгты арæзтад æмæ транспорты къабæзты фыццаг хæдивæг сси Æмбалты Барис. Социалон-экономикон райрæзт æмæ социалон политикæйы фарстаты фæдыл фыццаг хæдивæджы бынат та бабар кодтой Айларты Зæлинæйæн. Граждайнаг æхсæнады институтты æмæ æдасдзинады хъуыддæгтыл кусдзæн Созанаты Сослан. Наукæ, ахуырад, культурæ, фæсивæдон æмæ информацион политикæ та уыдзæн Дзæхаты Ларисæйы бæрны.
















